Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 13:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Фӕстӕдӕр ӕрцыди ахӕм хабар. Давиды фырт Авессаломӕн уыди хо, тынг рӕсугъд чызг, йӕ ном — Тамар, ӕмӕ йӕ Давиды ӕндӕр фырт, Амнон, бауарзта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 13:1
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йаков бауарзта Рахелы ӕмӕ Лаванӕн загъта: «Дӕ кӕстӕр чызг Рахелы тыххӕй дын бакусдзынӕн авд азы».


Йаков Рахелы тыххӕй бакуыста авд азы, ӕмӕ йӕм фӕкастысты цалдӕр боны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Рахелы уарзгӕ кодта.


Йаковы чызг Динӕ йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди, бауарзта йӕ ӕмӕ йыл рӕвдауӕн ныхӕстӕй узӕлыди.


Хуыцауы фырттӕ федтой, адӕмӕн сӕ чызджытӕ рӕсугъд кӕй сты, уый, ӕмӕ-иу дзы йӕ цӕст чи кӕуыл ӕрӕвӕрдта, уыимӕ-иу ӕмуат ӕрцыди.


Иуахӕмы изӕрӕрдӕм Давид, ӕрулӕфыны фӕстӕ йӕ уатӕй куы растади, уӕд тезгъо кодта йӕ галуаны уӕлхӕдзар ӕмӕ уырдыгӕй иу сылгоймаджы йӕхи найгӕ федта. Сылгоймаг тынг рӕсугъд уыди,


Уый фӕстӕ йын Тамар афтӕ ӕнӕуынон фестади, ӕмӕ йе ’нӕуынондзинад, йӕ уарзт цы уыди, уымӕй фӕтыхджындӕр ис. Загъта йын: «Сыст ӕмӕ ацу ардыгӕй!»


Цыма рынчын у, афтӕ удхар кодта Амнон йӕ хо Тамары уарзондзинады азарӕй, уымӕн ӕмӕ уый нырма ӕнӕцыд чызг уыди, ӕмӕ йӕм куыдӕй баххӕссыдаид, уымӕн ницы амал ардта.


Авессаломӕн рантысти ӕртӕ фырты ӕмӕ иунӕг чызг, бакастӕй тынг рӕсугъд, йӕ ном — Тамар.


Фараоны чызгӕй уӕлдай ма Соломон бауарзта бирӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгты дӕр: моавӕгты, аммонӕгты, едомӕгты, сидойнӕгты, хеттӕгты,


ӕртыккаг — Авессалом, йӕ мад — Гешуры паддзах Талмайы чызг Мааха, цыппӕрӕм — Адониа, йӕ мад Хагит,


Адон се ’ппӕт дӕр сты Давиды фырттӕ (фырттӕ ма йын ныййардтой йӕ номылустытӕ дӕр). Сӕ хо — Тамар.


Зӕрдӕскъӕфӕн хуыз сайаг у, рӕсугъддзинад тагъд ивгъуыйы, фӕлӕ Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уыцы сылгоймаг стауыны аккаг у.


Йӕ рӕсугъдмӕ йын ма бабӕлл дӕ зӕрдӕйы, йӕ цӕстыхауты тъӕбӕрттӕй йын ма атай.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ