Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 12:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Цӕмӕн суӕлӕхох дӕ Дунедарӕджы дзырдыл ӕмӕ Йын ӕнӕуынон цы у, уый цӕмӕн бакодтай? Хеттаг Уриайы мӕлӕтмӕ радтай, аммонӕгты къухӕй йӕ амардтай ӕмӕ йын йӕ усы дӕхи бакодтай.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 12:9
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид арвыста йӕ дӕлдӕрты, ӕрбакӕнут ӕй, зӕгъгӕ. Уый ӕрбацыди, ӕмӕ Давид йемӕ ӕрӕмуат ис (сылгоймаг йӕ чъизийӕ уый хӕдразмӕ ссыгъдӕг ис), ӕмӕ уый фӕстӕ Вирсави йӕ хӕдзармӕ аздӕхт.


Ныр мыггагмӕ дӕ хӕдзар кардӕй нал сӕдас уыдзӕни, ды Мӕныл кӕй суӕлӕхох дӕ ӕмӕ хеттаг Уриайы усы кӕй байстай, уый тыххӕй“.


Шими афтӕ ӕлгъыста паддзахы: «Фесӕф мӕ разӕй, лӕгмар, ӕнаккаг!


уымӕн ӕмӕ Давид арӕзта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ. Уый йын цы бафӕдзӕхста, уыдонӕй цӕрӕнбонты ницы фехӕлдта, хеттаг Уриайӕн цы бакодта, уымӕй дарддӕр.


Зӕгъ ын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ды лӕджы амардтай ӕмӕ ма йын йӕ фыдӕлтӕй цы хай баззад, ууыл дӕр ӕрбадинаг дӕ?“ Ноджы ма йын зӕгъ: „Куыйтӕ Навоты туг кӕм сдӕрдтой, уыцы ран сдӕрдзысты дӕ туг дӕр“».


Хинномы фырты дӕлвӕзы арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фыртты, дӕсны фарста, хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты уынаффӕтӕм хъуыста. Дунедарӕджы раз бирӕ фыдракӕндтӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ бирӕ галиу митӕй мӕсты кодта Дунедарӕджы.


Де ’взаг нывӕнды сӕрысӕфты фӕндтӕ, цыргъ сӕрдасӕнау дын мӕнгард у.


Ӕрмӕстдӕр ӕвдисӕн уыдзынӕ — дӕхи цӕстӕй фыдлӕгты ӕфхӕрд фендзынӕ.


Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уый раст фӕндагыл цӕуы; Дунедарӕгыл ӕлгъ чи кӕны, уый цӕуы галиу фӕндӕгтыл.


Уымӕ гӕсгӕ, хъӕмп зынджы амӕттаг куыд бавӕййы, хосы мӕкъуылтӕ пиллон арты куыд асудзынц, афтӕ сӕ уидаг амбидзӕн, сӕ дидинвӕлыст рыг фестдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон се ’ргом аздӕхтой Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕгъдауӕй, ницӕмӕ ӕрдардтой Израилы Уаз Хуыцауы ныхас.


Фӕлӕ уыцы адӕм Мӕ разы фыдракӕндтӕ куы фӕкӕнынц ӕмӕ Мӕм куы нӕ фӕхъусынц, уӕд Мӕ фӕнд аивын, цы хорзӕх сын балӕвар кӕнынмӕ фӕхъавын, уый сын нал раттын.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Иудӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ се ’ргом аздӕхтой Дунедарӕджы Ӕгъдауӕй, Йӕ уагӕвӕрдтӕ Йын не ’ххӕст кӕнынц. Сӕ фыдӕлтӕ цы мӕнг хуыцӕутты фӕдыл цыдысты, уыдон сын сӕ фӕндаг ныггалиутӕ кодтой.


Дунедарӕгмӕ цӕуылнӕ байхъуыстай? Тӕлӕттаг фосыл дӕхи цы ныццавтай ӕмӕ Дунедарӕджы раз фыдми цӕмӕн сарӕзтай?»


Иу у сӕ азым дӕсныфӕрсӕг ӕмӕ ӕнӕсӕттонӕн, хӕдзарон хуыцаугӕндтӕн кувӕг ӕмӕ хивастӕн. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уымӕ гӕсгӕ дыл Уый дӕр атигъ кодта Йӕхи, цӕмӕй паддзахиуӕг мауал кӕнай».


Самуел ын дзуапп радта: «Нӕ раздӕхдзынӕн демӕ. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл атигъ кодтай дӕхи, ӕмӕ дыл Дунедарӕг дӕр Йӕхи атигъ кодта — Израилӕн нал уыдзынӕ йӕ паддзах».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ