Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 12:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Натан Давидӕн загъта: «Уыцы лӕг ды дӕ. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: „Израилӕн дӕ паддзахӕй Ӕз байсӕрстон. Фервӕзын дӕ кодтон Саулы къухӕй,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 12:7
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сылгоймаг загъта: «Дӕхӕдӕг Хуыцауы адӕмы ныхмӕ цӕмӕн архайыс? Паддзах йӕ уынаффӕйӕ йӕхи азымджын кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг, кӕй атардта, уыцы фырты фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхта.


Дунедарӕг ӕй йе ’ппӕт фыдгултӕ ӕмӕ Саулӕй куы фервӕзын кодта, уӕд Давид Дунедарӕджы кадӕн скодта ацы зарӕг.


Ды мӕ фервӕзын кодтай ме знӕгтӕй, Дӕ фӕндонӕй фӕуӕлахиз дӕн фыдгултыл, фыдлӕгтӕй фервӕзтӕн Дӕ фӕрцы.


Ды Мӕ цагъар Давидӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: Ӕз дӕу сӕрвӕтӕй, дӕ фысты дзугӕй, уый тыххӕй ракодтон, цӕмӕй суай Мӕ адӕмы, Израилы, фӕтӕг.


Цу ӕмӕ Йоровамӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: адӕмы ’хсӕнӕй дӕ ракодтон ӕмӕ дӕ скадджын кодтон, Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, дӕу скодтон фӕтӕг.


Илийа йын дзуапп радта: «Израилы адӕмы ӕз нӕ баппӕрстон бӕллӕхы, фӕлӕ ды ӕмӕ дӕ мыггаг, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытыл уӕхи кӕй атигъ кодтат ӕмӕ Баалтӕм кувын кӕй байдыдтат, уый тыххӕй.


Мӕнӕн та куы иу, куы иннӕ хъуыддаг уыди, ӕмӕ мын уацайраг цыдӕр ӕрбаци». Паддзах ын загъта: «Дӕхи дзыхӕй загътай дӕ тӕрхон».


Пехуымпар ын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз ӕлгъыстаг кӕй фӕкодтон, уыцы адӕймаджы ауагътай, ӕмӕ йӕ бӕсты амӕлдзынӕ, дӕ адӕм дӕр амӕлдзысты йӕ бӕсты».


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Йеремиа ацы ныхӕстӕ иууылдӕр Йерусалимы иудейаг паддзах Цедекиайӕн фехъусын кодта.


Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцӕудзынӕ, цӕрдзынӕ сырдтимӕ, галау кӕрдӕг хӕрдзынӕ ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй дӕхи ӕхсдзынӕ. Авд азы куы рацӕуа, уӕд бамбардзынӕ: ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн сӕ хицау у Иууылбӕрзонд, ӕмӕ паддзахы бынат, кӕмӕн ӕй бафӕнды, уымӕн ратты.


Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ, фӕтӕригъӕд сын кӕнгӕйӕ, сдзӕбӕх кодта сӕ рынчынты.


Самуел загъта Саулӕн: «Ӕнӕзонд ми бакодтай. Дунедарӕг дын, дӕ Хуыцау, цы бафӕдзӕхста, уый нӕ сӕххӕст кодтай. Ӕндӕра дын Дунедарӕг дӕ хӕдзарӕн раттаид Израилы сӕргъы мыггагмӕ паддзахиуӕг кӕныны бар.


Самуел зӕгъы: «Кӕд дӕхи цӕсты ницы уыдтӕ, уӕддӕр Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ сӕргъы нӕ лӕууыс, ӕви? Дунедарӕг дӕ Израилӕн байсӕрста паддзахӕй.


Самуел сойы сыкъа райста ӕмӕ Давиды йе ’фсымӕрты раз байсӕрста. Уыйадыл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Давидыл ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ уыди йемӕ. Самуел та аздӕхти Рамамӕ.


ӕмӕ йыл ӕй фехста, къулмӕ йӕ ныххуыйон, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Давидӕн дыууӕ хатты йӕхи фӕсайын бантыст.


Саул ахъуыды кодта: «Цӕй ӕмӕ йын раттон мӕ чызджы. Уый йын уыдзӕни къӕппӕг, ӕмӕ филистимӕгты къухӕй амӕлдзӕн». Саул загъта Давидӕн: «Ныр мӕ сиахс бауыдзынӕ».


Давид йӕхи бааууон кодта ӕдзӕрӕг быдыры. Царди Иудейы хӕхты, Зифы хохрӕбын ӕдзӕрӕг быдыры. Иудадзыг Саул йӕ фӕдыл зылди, фӕлӕ йын ӕй Хуыцау йӕ къухтӕм нӕ лӕвӕрдта.


Саулӕн фехъусын кодтой, Давид Кеиламӕ кӕй ӕрцыд, уый. Ӕмӕ Саул загъта: «Хуыцау мын ӕй мӕ къухтӕм радта. Къӕппӕджы бахауд ӕмӕ, кулдуар ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ цы сахарӕн ис, уымӕй йын раирвӕзӕн нал ис».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ