5 Давиды маст рафыхти уыцы лӕгмӕ ӕмӕ Натанӕн загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, уыцы ми чи бакодта, уый мӕлӕты аккаг у!
Уымӕй иу-ӕртӕ мӕйы фӕстӕдӕр Иудӕмӕ чидӕр фӕхабар кодта: «Дӕ чындз Тамар хъахбай сыл разынди, суанг ма сывӕрджын дӕр баци». Иудӕ бафӕдзӕхста: «Ракӕнут ӕй ӕмӕ йӕ арты басудзут».
Уӕд дын бонджын лӕгмӕ уазӕгуаты иу бӕлццон бафтыд, ӕмӕ фысымы цӕст нӕ бауарзта йӕ уазӕгӕн йӕхи фыстӕй кӕнӕ галтӕй аргӕвдын, фӕлӕ йын мӕгуыр лӕджы фысы акусарт кодта».
Паддзах сылгоймагӕн загъта: «Цу дӕ хӕдзармӕ, ӕз бафӕдзӕхсдзынӕн дӕу тыххӕй».
Фӕлӕ сӕм Йесо Йе ’ргом разылдта ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта: «Сымах, цавӕр монӕй хайджын стут, уый нӕ зонут.
Уӕдӕ, чидӕриддӕр ма у, искӕмӕн тӕрхон куы кӕнай, уӕд дын уый ныххатыр кӕнӕн нӕй. Искӕмӕн тӕрхон кӕнгӕйӕ, ды дӕхицӕн дӕр тӕрхон кӕныс, уымӕн ӕмӕ, цӕй тыххӕй тӕрхон кӕныс, дӕхӕдӕг дӕр уый гӕнӕг дӕ.
Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилӕн уӕлахиз чи радта, Уымӕй — суанг мӕ фырт Ионатан куы разына азымджын, уӕд уый дӕр ӕнӕмӕнг мард ӕрцӕудзӕн!» Фӕлӕ йын ӕппӕт адӕмӕй дзуапп ничи радта.
Йессейы фырт цалынмӕ ӕгас уа, уалынмӕ ӕдас нӕ уыдзысты нӕдӕр дӕ сӕр, нӕдӕр дӕ паддзахы бартӕ. Ӕвӕстиатӕй йӕм арвит ӕмӕ мӕм ӕй ӕрбакӕн. Ӕнӕ амаргӕ йын нӕй».
Хорз нӕ бакодтай. Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй: уӕ паддзахы, Дунедарӕджы байсӕрсты, кӕй нӕ бахъахъхъӕдтат, уый тыххӕй мӕлӕты аккаг стут. Фен-ма, цы фесты паддзахы арц ӕмӕ доны дурын йӕ нывӕрзӕны ’рдыгӕй».