Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 12:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг Давидмӕ барвыста пехуымпар Натаны. Уый йӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Иу сахары уыди дыууӕ лӕджы, сӕ иу бонджын, иннӕ та мӕгуыр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 12:1
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид ӕрвыст лӕгӕн загъта: «Уӕдӕ зӕгъ Йоавӕн: „Цы ’рцыди, уый тыххӕй дӕхимӕ ма ныхъхъус. Цирхъ, кӕй йӕ фӕнды, уый бабын кӕны. Фӕкарздӕр кӕн дӕ тох ӕмӕ уыцы сахар ныффалгӕрон кӕн“. Афтӕ йын фӕфидар кӕн йӕ зӕрдӕ».


Бонджын лӕгӕн йӕ лыстӕг фос ӕмӕ стурвосӕн нымӕц нӕ уыди,


Мӕлӕтӕй нын алидзӕн нӕй. Зӕхмӕ цы дон ӕркӕлы, уымӕн фӕстӕмӕ сисӕн нал ис. Хуыцауы искӕй уд фесафын нӕ фӕнды, хъодыгондыл дӕр Йӕхи куыннӕ атигъ кӕна, ууыл мӕт кӕны.


Хуыцау ӕм кӕй раргом ис, уый Натан Давидӕн радзырдта, ӕппӕт ныхӕстӕ йын рафӕзмыдта.


Ӕрмӕст сауджын Цадок, Йеходайы фырт Бенайа, пехуымпар Натан, Шими, Реи, стӕй Давиды ӕхсарджынтӕ Адониайы фарс нӕ рахӕцыдысты.


Йоровам нывӕндтӕ ӕрхӕссыны охыл нывондхӕссӕны цур куыд лӕууыд, афтӕ Иудейӕ Вефилмӕ, Дунедарӕджы дзырдмӕ гӕсгӕ, ӕрбацыд иу пехуымпар, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг.


Уӕдӕй фӕстӕмӕ рацыди дыууӕ азӕй фылдӕр. Ӕмӕ иуахӕмы Дунедарӕг Илийайӕн загъта: «Паддзах Ахавмӕ бацу, ӕмӕ Ӕз къӕвда ратдзынӕн зӕххӕн».


«Ацу Ахавмӕ, Израилы паддзахмӕ, Самарийы паддзахиуӕг чи кӕны, уымӕ! Уый ныр Навоты сӕндонмӕ ныццыд, цӕмӕй йӕ исбонӕн райса йӕхицӕн.


Натаны фырт Азариа — уллуты хицау; Натаны фырт Завуд, сауджын — паддзахӕн йӕ уынаффӕйы лӕг;


Дунедарӕджы зӕд тишбийаг Илийайӕн загъта, цӕмӕй самариаг паддзахы минӕвӕрттӕн сӕ размӕ ацӕуа ӕмӕ сын зӕгъа: «Израилы зӕххыл Хуыцау нӕй, ӕви? Цӕмӕн цӕут Екроны хуыцау Баал-Зевувы фӕрсынмӕ?


Паддзах Давиды хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты зонынджын Самуелы азфыстыты, пехуымпар Натаны азфыстыты ӕмӕ зонынджын Гады азфыстыты.


Уӕд пехуымпар Исайа бацыди паддзах Езекиамӕ ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Цы дын дзырдтой уыцы адӕм? Кӕцӕй дӕм ӕрбацыдысты?» Езекиа загъта: «Дард бӕстӕй мӕм ӕрбацыдысты, Вавилонӕй».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ