8 Уый фӕстӕ йын загъта: «Дӕ хӕдзармӕ ныццу ӕмӕ дӕ фӕллад суадз». Уриа паддзахы къӕсӕрӕй рахызти, ӕмӕ йын йӕ фӕдыл паддзахы номӕй хуын рахастой.
Ныртӕккӕ ӕрбадавдзысты дон, цӕмӕй уӕ къӕхтӕ цӕхсат; баулӕфут ацы бӕласы бын.
ӕмӕ сӕм бахатыди: «Ме ’лдӕрттӕ, уӕ хорзӕхӕй, саккаг кӕнут уӕ цагъары хӕдзармӕ. Цӕхсдзыстут уӕ къӕхтӕ ӕмӕ бахсӕвиуат кӕндзыстут, райсом раджы та араст уыдзыстут уӕ фӕндагыл». Уыдон загътой: «Нӕ, ӕдде бахсӕвиуат кӕндзыстӕм».
ӕмӕ се ’ппӕты дӕр Йосефы хӕдзармӕ бахуыдта. Сӕ къӕхтӕ цӕхсынмӕ сын ӕрбахаста дон, стӕй сын сӕ хӕрджытӕн радта холлаг.
Йосеф сӕм йӕ фынгӕй ӕрвыста хӕйттӕ, ӕмӕ иннӕты хӕйттӕй Бениамины хай уыди фондз хатты стырдӕр. Ӕфсымӕртӕ дзӕбӕх фӕминас кодтой, фӕнуӕзтой Йосефимӕ.
Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, кӕдмӕ мӕ ’мбӕхсдзынӕ Дӕ цӕсгом?
Додой сӕ къона, Дунедарӕгӕй арф чи ӕмбӕхсы, йӕ сусӕгвӕндтӕ аууон кӕныныл чи архайы, сӕ хъуыддӕгтӕ талынджы чи кӕны ӕмӕ афтӕ чи дзуры: «Чи нӕ фендзӕн? Чи нӕ базондзӕн?»
Афтӕ бамбӕхсӕн ницы ис, ӕмӕ ма раргом уа, ахӕм сусӕгдзинад нӕй, ӕмӕ ма рахъӕр уа.
Йесо разылди сылгоймагмӕ ӕмӕ Симонӕн загъта: «Уыныс ацы сылгоймаджы? Ӕз ӕрбацыдтӕн дӕ хӕдзармӕ, ӕмӕ Мын ды Мӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн дон дӕр нӕ радтай, уый та Мын йӕ цӕссыгтӕй ӕрӕхсадта Мӕ къӕхтӕ ӕмӕ сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта.
Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.