6 Давид арвыста Йоавмӕ: «Рарвит мӕм хеттаг Уриайы». Йоав ӕм ӕй рарвыста.
Кӕд раст кӕныс, уӕд дӕ сӕрыл уӕлӕмӕ цӕуылнӕ схӕцыс? Кӕд нӕ, уӕд та дӕм тӕригъӕд дӕ къӕсӕрыл ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ ды уӕлӕмӕ скӕсын ма бауадз».
Сылгоймаг басывӕрджын ис ӕмӕ Давидмӕ фӕхабар кодта, сывӕрджын дӕн, зӕгъгӕ.
Уриа куы ӕрбахӕццӕ, уӕд ӕй Давид бафарста Йоавы ӕмӕ ӕфсады тыххӕй, стӕй хӕсты хабӕрттӕй.
хеттаг Уриа. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвддӕс ӕмӕ ссӕдз.
Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ’мбӕхсы, уый ӕнтыстджын нӕ уыдзӕн; чи сыл басӕтты ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уый та уыдзӕнис хатыргонд.
Дунедарӕг загъта: «Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхы ныхасӕй, ӕрмӕстдӕр се ’взагӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Кувынц Мӕм, ӕрмӕст ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уымӕн.
Фӕлӕ Йыл Петр се ’ппӕты раз йӕхи атигъ кодта: «Цӕй кой кӕныс, уый нӕ зонын».
Петр та нӕ басасти, сомытӕгӕнгӕ дзырдта: «Ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын».
Уӕд Петр ард хӕрын ӕмӕ Хуыцауӕй сомы кӕнын райдыдта: «Ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын». Уыйадыл уасӕг ныууасыди,
Саул загъта: «Аххосджын дӕн, фӕлӕ мӕ, дӕ хорзӕхӕй, адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт Израилы цӕсты ма бафтау. Мемӕ раздӕх, ӕмӕ ӕз Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скувон».