5 Сылгоймаг басывӕрджын ис ӕмӕ Давидмӕ фӕхабар кодта, сывӕрджын дӕн, зӕгъгӕ.
Давид арвыста Йоавмӕ: «Рарвит мӕм хеттаг Уриайы». Йоав ӕм ӕй рарвыста.
Уымӕн ӕмӕ карз уыдзӕн йӕ мойы зӕрдӕхсайд, мастисӕн бон нӕ ныббардзӕн.
Исчи искӕй усимӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд дыууӕйӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт — нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр.
Нӕлгоймаджы искӕй усимӕ баййӕфтой, зӕгъгӕ, уӕд сӕ дыууӕ дӕр маринаг сты: афтӕ чи бакодта, уыцы нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр. Искӕй усмӕ чи фӕрӕдыди, уыцы нӕлгоймаг дӕр хъуамӕ амӕла ӕмӕ сылгоймаг дӕр. Фесафут ӕвзӕрдзинад Израилӕй!