3 ӕмӕ Давид арвыста, чи у, уый сбӕрӕг кӕнынмӕ. Загътой йын: «Уый Вирсави у, Елиамы чызг, хеттаг Уриайы бинойнаг».
мӕгуыр лӕгмӕ та ницы уыд, иунӕг далыс йеддӕмӕ. Уӕрыккӕй йӕ балхӕдта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй схаста — мӕгуыр лӕгӕн йӕ сабитимӕ иумӕ бахъомыл. Йемӕ иу къӕбӕр хордта ӕмӕ иу къусӕй нуӕзта, фынӕй дӕр йӕ хъӕбысы кодта. Раст цыма йӕ чызг у, афтӕ йӕм зылди.
маахайаг Ахасбайы фырт Елифелет; гилойаг Ахитофелы фырт Елиам;
хеттаг Уриа. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвддӕс ӕмӕ ссӕдз.
уымӕн ӕмӕ Давид арӕзта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ. Уый йын цы бафӕдзӕхста, уыдонӕй цӕрӕнбонты ницы фехӕлдта, хеттаг Уриайӕн цы бакодта, уымӕй дарддӕр.
хеттаг Уриа; Ахлайы фырт Завад;
Уым ын райгуырдысты: Шима, Шовав, Натан ӕмӕ Соломон, сӕ цыппар дӕр Аммиелы чызг Вирсавийӕ.
Йӕ рӕсугъдмӕ йын ма бабӕлл дӕ зӕрдӕйы, йӕ цӕстыхауты тъӕбӕрттӕй йын ма атай.
Хӕрзхаст бӕхтау схъахбай сты, алчидӕр дзы мыр-мыр кӕны кӕйдӕр усмӕ.