Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 11:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Иуахӕмы изӕрӕрдӕм Давид, ӕрулӕфыны фӕстӕ йӕ уатӕй куы растади, уӕд тезгъо кодта йӕ галуаны уӕлхӕдзар ӕмӕ уырдыгӕй иу сылгоймаджы йӕхи найгӕ федта. Сылгоймаг тынг рӕсугъд уыди,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 11:2
28 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мысырмӕ куы баввахс ис, уӕд йӕ ус Сарӕйӕн загъта: «Рӕсугъд сылгоймаг дӕ, уый мын гуырысхойаг нӕу.


Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн бӕззынц, сӕ уындӕй цӕст рӕвдауынц ӕмӕ ма уыимӕ зондыл дӕр ӕфтауынц. Ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта, йӕ мойӕн дӕр дзы радта, ӕмӕ уый дӕр бахордта.


Бӕстӕйы хицау хивваг Хаморы фырт Шехем ӕй куы федта, уӕд ӕй аскъӕфта ӕмӕ йын батых кодта.


Гъемӕ Потифар дӕр Йосефыл йӕ ис, йӕ бон иууылдӕр бафӕдзӕхста, ӕмӕ йӕ ныр бахӕрынӕй дарддӕр ницыуал мӕт уыдис. Йосеф уындӕй ӕмӕ кондӕй рӕсугъд уыди.


Хуыцауы фырттӕ федтой, адӕмӕн сӕ чызджытӕ рӕсугъд кӕй сты, уый, ӕмӕ-иу дзы йӕ цӕст чи кӕуыл ӕрӕвӕрдта, уыимӕ-иу ӕмуат ӕрцыди.


Фӕстӕдӕр ӕрцыди ахӕм хабар. Давиды фырт Авессаломӕн уыди хо, тынг рӕсугъд чызг, йӕ ном — Тамар, ӕмӕ йӕ Давиды ӕндӕр фырт, Амнон, бауарзта.


Авессаломӕн рантысти ӕртӕ фырты ӕмӕ иунӕг чызг, бакастӕй тынг рӕсугъд, йӕ ном — Тамар.


Бееротаг Риммоны фырттӕ Рехав ӕмӕ Баана, бон йӕ тӕккӕ тӕвдыл уыд, афтӕ Йевосфеты хӕдзары дуармӕ балӕууыдысты, уый бонрӕфты йӕ уаты куы улӕфыди, раст уыцы афон.


Уыдон мидӕмӕ бацыдысты. Йевосфет хуыссыди йӕ сынтӕджы. Ныррӕхуыстой йӕ ӕмӕ йӕ амардтой, йӕ сӕр ын ракодтой ӕмӕ йӕ семӕ рахастой. Иорданы дӕлвӕзы ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыдысты.


Мӕ цӕстытимӕ баныхас кодтон, сылгоймагмӕ ӕнӕфсарм каст кӕй нӕ бакӕндзынӕн.


Адӕймаджы йӕ зивӕг хуыссӕгхъӕлдзӕг скӕны, зивӕггӕнаг стонг ӕййафдзӕнис.


Зӕрдӕскъӕфӕн хуыз сайаг у, рӕсугъддзинад тагъд ивгъуыйы, фӕлӕ Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уыцы сылгоймаг стауыны аккаг у.


Йӕ рӕсугъдмӕ йын ма бабӕлл дӕ зӕрдӕйы, йӕ цӕстыхауты тъӕбӕрттӕй йын ма атай.


Хъахбай сылгоймаг цы уынджы царди, уым хъеллау кодта, йӕ хӕдзары ’рдӕм ын фӕцӕйцыд.


Йерусалимы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуантӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл ӕппӕт стъалытӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн кӕмдӕриддӕр калдтой, уыцы хӕдзӕрттӕ иууылдӕр Тофетау фӕчъизи уыдзысты“».


Талынджы уын цы дзурын, уый зӕгъут боны рухсмӕ, ӕмӕ уын уӕ хъусы сусӕгӕй цы бадзырдӕуа, уый хъусын кӕнут уӕлхӕдзӕрттӕй.


Уӕлхӕдзар кӕй ӕрӕййафа, уый уырдыгӕй ма ӕрхизӕд йӕ хӕдзарӕй исты рахӕссынмӕ.


Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ мондаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый ныридӕгӕн йӕ мидзӕрдӕйы фӕхатти йемӕ.


Дыккаг бон, уыдон ма фӕндагыл куы уыдысты ӕмӕ сӕ сахармӕ бирӕ куынӕуал хъуыд, уӕд Петр ӕмбисбонмӕ хӕстӕг бакувынмӕ схызти хӕдзары сӕрмӕ.


Хӕдзар аразыс, уӕд ын йӕ уӕлхӕдзары кӕрӕттыл кӕрӕй-кӕронмӕ быру скӕн, цӕмӕй дзы мачи рахауа ӕмӕ искӕй мӕлӕты азымджын ма фӕуай.


Ма бабӕлл искӕй усмӕ, искӕмӕн ма бабӕлл мадӕр йӕ хӕдзармӕ, мадӕр — йӕ хуыммӕ, мадӕр — йӕ цагъартӕм, мадӕр — йӕ галмӕ, мадӕр — йӕ хӕрӕгмӕ. Искӕй исӕй мацӕмӕ бабӕлл“.


Рӕхджы алцӕмӕн дӕр уыдзӕни кӕрон. Уӕдӕ ут хӕдзонд, кӕддӕриддӕр уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут.


Уымӕн ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис — тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцтӕ, цӕсты монцтӕ ӕмӕ хъал царды цӕстӕй кӕсын, — уыдон Фыдӕй ратгӕ не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ.


Къуыбырӕй ӕрцыдысты сахармӕ. Саулӕн уӕлхӕдзар бауат кодтой, ӕмӕ схуыссыди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ