Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 10:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Давид сын сӕ хабар куы фехъуыста, уӕд сӕ размӕ лӕгтӕ арвыста, уымӕн ӕмӕ ӕгад ӕмӕ худинаджы уавӕры уыдысты. Паддзахы бардзырд уыди: «Цалынмӕ уӕ боцъотӕ разайой, уӕдмӕ Йерихоны баззайут, стӕй ӕрбаздӕхдзыстут».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 10:5
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд Ханун Давиды ӕрвыст лӕгтыл ӕрхӕцыди, сӕ боцъотӕ сын ӕрдӕгмӕ ныддаста, сӕ дарӕс сын, се ’рбадӕнтӕ куыд разыной, афтӕ фӕччитӕй астӕуы онг ачъепп ласта ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ауагъта.


Аммонӕгтӕ куы бамбӕрстой, Давидӕн ӕнӕуынон фестадысты, уый, уӕд Бет-Рехов ӕмӕ Цовамӕ арвыстой ӕмӕ уымы арамейӕгтӕй ссӕдз мин фистӕг хӕстоны баххуырстой, ноджы ма баххуырстой Маахайы паддзахы, йемӕ мин лӕджы, афтӕмӕй, Товы адӕмӕй та — дыууадӕс мины.


Ахавы паддзахиуӕджы заман Вефилы сахайраг Хиел ногӕй рацарӕзта Йерихоны сахар. Сахарӕн йӕ бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд амарди йӕ фыццаг фырт Авирам, кулдуар ын куы скодта, уӕд та — йӕ кӕстӕр фырт Сегув, кӕддӕр Дунедарӕг Нуны фырт Йешуайы уылты куыд загъта, афтӕ.


Фӕндагыл ма уыдысты, афтӕ сын Давид сӕ хабар фехъуыста ӕмӕ сӕ размӕ лӕгтӕ арвыста, уымӕн ӕмӕ ӕгад ӕмӕ худинаджы уавӕры уыдысты. Паддзахы бардзырд уыди: «Цалынмӕ уӕ боцъотӕ разайой, уӕдмӕ Йерихоны баззайут, стӕй ӕрбаздӕхдзыстут».


Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Дӕ къухмӕ дын дӕттын Йерихон йӕ паддзах ӕмӕ йӕ хӕстонтимӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ