16 Адад-Езер арвыста Евфраты фале цӕрӕг арамейӕгтӕм, ӕмӕ ӕрбацыдысты Хеламмӕ, сӕ сӕргъы Адад-Езеры ӕфсады хицау Шовах, афтӕмӕй.
Арамейӕгтӕ куы бамбӕрстой, израилӕгтӕ сыл фӕуӕлахиз сты, уый, уӕд сфӕнд кодтой иумӕ ӕрбамбырд уӕвын.
Давид уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд ӕппӕт израилӕгты ӕрбамбырд кодта, Иорданы фаллаг фарсмӕ ахызт ӕмӕ Хеламы цур балӕууыд. Арамейӕгтӕ йӕ ныхмӕ хӕстифтонгӕй ралӕууыдысты, ӕмӕ сын тох бацайдагъ ис.
Хуыцау Соломоны ныхмӕ сардыдта Елйадайы фырт Резоны дӕр. Уый алыгъд йӕ паддзахӕй — Цовайы паддзах Адад-Езерӕй,
Давид басаста Адад-Езеры дӕр, Цовайы паддзахы (йӕ паддзахад ӕххӕссыд Хаматы арӕнты онг), уый Евфраты доны был цы зӕххытӕ ис, уыдонмӕ йӕ бархъомыс ӕрӕвӕрынмӕ куы бабырста, уӕд.
Цовайы паддзах Адад-Езермӕ ӕххуысмӕ ӕрбацыдысты дамаскаг арамейӕгтӕ, ӕмӕ Давид уыдонӕй дӕр дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мины ныццагъта.
Арамейӕгтӕ куы бамбӕрстой, израилӕгтӕ сыл фӕуӕлахиз сты, уый, уӕд ӕххуысмӕ арвыстой Евфраты фале цӕрӕг арамейӕгтӕм, сӕ сӕргъы — Адад-Езеры ӕфсады хицау Шовах.