10 Иннӕты бакодта йе ’фсымӕр Авишайы бар, ӕмӕ сӕ уый аммонӕгты ныхмӕ ӕрлӕууын кодта.
Йоав ын загъта: «Гъа, ныр мыл арамейӕгтӕ уӕлахиз кӕнынц, зӕгъгӕ, уӕд-иу мӕм ӕххуысмӕ фӕзын, аммонӕгтӕ дӕуыл куы райдайой тых кӕнын, уӕд та дӕм ӕз фӕзындзынӕн.
Йоав куы федта, фыдгулы ӕфсад йӕ разӕй дӕр ӕмӕ йӕ чъылдыммӕ дӕр лӕууы, уый, уӕд Израилы хуыздӕр хӕстонты арамейӕгты ныхмӕ ӕрлӕууын кодта.
Уый фӕстӕ сӕ ӕртӕ къордыл фӕдих кодта ӕмӕ дзы иу къорд радта Йоавы къухмӕ, иннӕ — Церуайы фырт, Йоавы ӕфсымӕр Авишайы къухмӕ, ӕртыккаг та — гатаг Итайы къухмӕ. Паддзах йӕ адӕмӕн загъта: «Мӕхицӕн дӕр уемӕ ӕнӕ цӕугӕ нӕй».
Йоавы ӕфсымӕр Авишай, Церуайы фырт, уыди хӕстон къорды хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй знаджы адӕмӕй ӕртӕсӕдӕ ныццагъта, ӕмӕ йын ӕфсады ’хсӕн уыди стыр кад.
Церуайы фырт Авишай Цӕхджын дӕлвӕзы едомӕгтӕй ныццагъта ӕстдӕс мины.
Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ амард аммонаг паддзах Нахаш, ӕмӕ йӕ бӕсты паддзахиуӕг кӕнын райдыдта йӕ фырт.