8 Уый мӕ бафарста: „Чи дӕ?“ Дзуапп ын радтон: „Амалекаг“.
Уырдыгӕй аздӕхтысты Ен-Мишпаты (ома Кадешы) ’рдӕм ӕмӕ ныддӕрӕн кодтой амалекӕгты бӕстӕ, стӕй Хацецон-Тамары цӕрӕг аморӕгты.
Давид хабархӕссӕджы бафарста: «Кӕцӕй дӕ?» Лӕппу йын дзуапп радта: «Ӕрцӕуӕггаджы фырт дӕн, амалекаджы».
Саул фӕстӕмӕ фӕкасти ӕмӕ мӕ куы ауыдта, уӕд мӕм фӕдзырдта. Ӕз ын загътон: „Хъусын дӕм“.
Уӕд мын афтӕ зӕгъы: „Рауай-ма, амар мӕ, науӕд саутухӕны бафтыдтӕн, мӕ уд та нырма мӕ мидӕг ис“.
Ӕркасти Балаам амалекӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Адӕмты фыццаг — амалекӕгтӕ, фӕлӕ сӕ мыггаг дӕр нал баззайдзӕн».
Ныр цу ӕмӕ ныццӕгъд амалекӕгты. Цыдӕриддӕр сӕм ис, уыдон сын ныффалгӕрон кӕнут. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕн: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, тырынӕй, дзидзидайӕ, галӕй, фысӕй, теуайӕ, хӕрӕгӕй — се ’ппӕты дӕр амар“».
Давид-иу йӕ адӕмимӕ стӕры ацыд, ӕмӕ-иу бабырстой гешурӕгтӕм, гирзӕгтӕм ӕмӕ амалекӕгтӕм (уыдон цӕрынц Телаимӕй Шуры ӕдзӕрӕг быдыры онг, стӕй уырдыгӕй суанг Мысыры онг).
Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕртыккаг бон Циклагмӕ бахӕццӕ сты. Уӕдмӕ амалекӕгтӕ бабырстой Негев ӕмӕ Циклагмӕ. Басастой Циклаг ӕмӕ йыл арт бафтыдтой,
Давид ӕй бафарста: «Кӕй цагъар дӕ, кӕцон дӕ?» Уый загъта: «Мысыраг лӕппу дӕн, иу амалекаджы цагъар. Ӕртӕ боны размӕ фӕрынчын дӕн, ӕмӕ мӕ ме ’лдар ныууагъта.
Хур нӕма скасти, афтӕ сыл Давид йӕхи ныццавта ӕмӕ сӕ суанг изӕрмӕ цагъта. Ничи йын дзы аирвӕзти удӕгасӕй, ӕрмӕст цыппарсӕдӕ лӕппуйы теуатыл абадтысты ӕмӕ алыгъдысты.