27 Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ, бабын сты хӕстон хотыхтӕ!»
Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ. Фӕмард ис хъӕбатырӕй Ионатан.
«Дӕ фидауц, Израил, дӕ бӕрзӕндтыл байсӕфт. Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ.
Хуыцау у адӕмты паддзах, Хуыцау ӕрбадти Йӕ уаз паддзахы бадӕны!
Елисей мӕлӕтдзаг низӕй фӕрынчын ис. Куы ӕруатон, уӕд ӕй Израилы паддзах Йоаш бабӕрӕг кодта ӕмӕ йӕ сӕрмӕ фӕкуыдта: «Мӕ фыд, мӕ фыд! Ды куы дӕ Израилӕн йӕ хӕстон уӕрдон дӕр ӕмӕ йӕ бӕхтӕрӕг дӕр!»
Елисей йӕм, йӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ, ныхъхъӕр кодта: «Мӕ фыд, мӕ фыд! Ды дӕ Израилы уӕрдон ӕмӕ йӕ бӕхтӕрӕг». Илийайы куынӕуал уыдта, уӕд йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ йӕ арӕдывта фӕйнӕрдӕм.
Дард бӕстӕй, арвы кӕронӕй, ӕрбацӕуынц Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ азар, цӕмӕй ӕгас зӕхх бабын кӕной.