25 Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ. Фӕмард ис хъӕбатырӕй Ионатан.
«Дӕ фидауц, Израил, дӕ бӕрзӕндтыл байсӕфт. Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ.
Кӕут Саулыл, Израилы чызджытӕ! — зынаргъ даритӕй уӕ уый фӕлыста, зӕрин фӕлындӕнтӕ уын уый хаста!
Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ, бабын сты хӕстон хотыхтӕ!»
Нӕ кады худтӕ куы ’рхаудысты нӕ сӕртӕй! О, додойаг куы фестӕм мах нӕ тӕригъӕды аххосӕй!
Мӕлӕты размӕ бырстой Зевулоны фӕдонтӕ, семӕ Неффалим дӕр — быдыры къуыбыртыл!