24 Кӕут Саулыл, Израилы чызджытӕ! — зынаргъ даритӕй уӕ уый фӕлыста, зӕрин фӕлындӕнтӕ уын уый хаста!
Уарзон ӕмӕ цытджын Саул! Уарзон ӕмӕ цытджын Ионатан! Сӕ удӕгасӕй дӕр кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кодтой, ӕмӕ сӕ мӕлӕт дӕр нӕ ахицӕн кодта. Уыдон цӕргӕсӕй цӕрдӕгдӕр уыдысты, уыдон домбайӕ домбайдӕр уыдысты!
Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ. Фӕмард ис хъӕбатырӕй Ионатан.
Дарӕсы бӕсты мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон, ӕмӕ мӕ ӕмбисондӕн хӕссынц.
Сыгъзӕрин хъусцӕг, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд фӕлындӕн — уыдоны ’нгӕс у куырыхоны уайдзӕф, лӕмбынӕг чи фӕхъусы, уымӕн.
Йӕ бинонтӕн митӕй тас нӕу, се ’ппӕтыл дӕр — дывӕлдах хъуымацӕй дарӕстӕ;
Ау, ӕнӕцыд чызг йӕ фӕлындӕнтӕ ферох кӕны, кӕнӕ чындз — йӕ чындздзон дарӕс? Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой раджы.
«Ӕфтиаг райстой, ӕмӕ йӕ се ’хсӕн уарынц. Алы хӕстонӕн дӕр — чызг, науӕд — дыууӕ. Сисерайы ’фтиаг — хъулон хӕрдгӕхуыд хъуымӕцтӕ, дыууӕ нывӕфтыд фӕлысты».