Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 1:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Уарзон ӕмӕ цытджын Саул! Уарзон ӕмӕ цытджын Ионатан! Сӕ удӕгасӕй дӕр кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кодтой, ӕмӕ сӕ мӕлӕт дӕр нӕ ахицӕн кодта. Уыдон цӕргӕсӕй цӕрдӕгдӕр уыдысты, уыдон домбайӕ домбайдӕр уыдысты!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 1:23
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кӕут Саулыл, Израилы чызджытӕ! — зынаргъ даритӕй уӕ уый фӕлыста, зӕрин фӕлындӕнтӕ уын уый хаста!


Хӕцӕны уыдысты Церуайы ӕртӕ фырты дӕр: Йоав, Авишай ӕмӕ Асаел. Сычъийау рӕувад уыди Асаел.


Кавцеелы сахайраг Йеходайы фырт бӕгъатыр Бенайа зындгонд у йӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй. Уый амардта моаваг дыууӕ домбай хӕстоны. Иуахӕмы та, мит уарыд, афтӕмӕй къардиумӕ ныххызти дон схӕссынмӕ, домбайыл дзы бамбӕлдис ӕмӕ йӕ уыцы ран ӕрбамардта.


Гады хӕдзарвӕндагӕй Давидимӕ ӕдзӕрӕг быдыры фидары баиу сты ӕхсарджын, тохвӕлтӕрд хӕстонтӕ, арц ӕмӕ уартӕй ифтонг, домбӕйттау — сӕ бакаст, сычъитау хӕхтыл уадысты цӕрдӕг.


Цъӕнут бӕлӕгътау тындзынц, цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ куыд тындза, афтӕ.


сырдтӕн сӕ тыхджындӕр — домбай, йӕ разӕй фӕндаг никӕмӕн ратдзӕн;


Йӕ былтӕ — адджын, алцӕмӕй йӕхимӕ ’лвасы. О, Йерусалимы чызджытӕ! Ахӕм у мӕ уарзон, ахӕм у мӕ лымӕн!


Мӕнӕ мигъау ссӕуы, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ — зилгӕ дымгӕйы ’нгӕс; цӕргӕстӕй тагъддӕр тӕхынц йӕ бӕхтӕ. О, додойаг фестӕм, не сӕфт ӕрцыди!


Цӕргӕсӕй тагъддӕр нӕ куы суры знаг, нӕ фӕдыл хӕхты, тыгъд быдырты зилы.


Дунедарӕджы фӕндӕй уыл арвы кӕронӕй цӕргӕсау сӕхи ныццӕвдзысты, се ’взаг дӕр кӕмӕн не ’мбардзыстут, ахӕм адӕм,


Ӕвдӕм бон, хур нӕма аныгуылд, афтӕ сахары цӕрджытӕ Самсонӕн дзуапп радтой: «Цы ис мыдӕй адджындӕр? Чи у домбайӕ тыхджындӕр?» Самсон сын загъта: «Мӕ дыгӕрдыгыл мын куынӕ хуым кодтаиккат, уӕд мын мӕ уыци-уыци нӕ базыдтаиккат».


Давид Саулимӕ куы ныхас кодта, уӕд Ионатаны зӕрдӕмӕ фӕцыди, йӕхи удау ӕй бауарзта.


Ионатан ын загъта: «Тобӕ зӕгъ! Нӕ амӕлдзынӕ. Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, мӕ фыд ме ’вастӕй нӕдӕр стыр, нӕдӕр гыццыл хъуыддаг аразы. Ацы хъуыддаг дӕр мӕ цӕмӕн хъуамӕ бамбӕхса? Дӕ гуырысхотӕ дзӕгъӕлы сты».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ