Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 1:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 «Дӕ фидауц, Израил, дӕ бӕрзӕндтыл байсӕфт. Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 1:19
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уарзон ӕмӕ цытджын Саул! Уарзон ӕмӕ цытджын Ионатан! Сӕ удӕгасӕй дӕр кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кодтой, ӕмӕ сӕ мӕлӕт дӕр нӕ ахицӕн кодта. Уыдон цӕргӕсӕй цӕрдӕгдӕр уыдысты, уыдон домбайӕ домбайдӕр уыдысты!


Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ. Фӕмард ис хъӕбатырӕй Ионатан.


Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ, бабын сты хӕстон хотыхтӕ!»


Ахӕм заман ралӕудзӕн, ӕмӕ, Израилы ма удӕгасӕй чи баззайа, уыдонмӕ Дунедарӕджы фӕндонӕй фӕзындзӕнис ӕвзонг тала — зӕххы гуырдз, ӕмӕ уый Дунедарӕгӕн кӕндзӕни кад ӕмӕ цыт.


Хуыцауы раз Уый байрӕзти, сыгъд быдыры тала тыхамӕлттӕй куыд сӕвзӕры, йӕ хус уидаг фӕлурс тау куыд суадзы, уыйау. Уындӕй диссаг, кондӕй ӕрдхӕрӕн, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъӕн Дзы нӕ уыд. Федтам Ӕй, ӕмӕ Йын нӕ цӕст Ыл цӕмӕй ӕрӕвӕрдтаиккам, ахӕм бакаст нӕ уыд.


О, додой! Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд — Сионы Чызджы саудалынджы баппӕрста! Израилы кад арвӕй зӕхмӕ фехста! Тӕрхоны бон ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууагъта Йӕ къӕхты ’нцой!


Нӕ кады худтӕ куы ’рхаудысты нӕ сӕртӕй! О, додойаг куы фестӕм мах нӕ тӕригъӕды аххосӕй!


Ӕппӕт адӕмтимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехалыны тыххӕй Мӕ хӕрзаудӕны лӕдзӕг райсдзынӕн ӕмӕ йӕ ныссӕтдзынӕн.


Ӕз хиздзынӕн ӕргӕвдинаг фысты, ӕцӕгӕйдӕр мӕгуыр чи у, уыдоны. Мӕхицӕн райсдзынӕн дыууӕ лӕдзӕджы, иу дзы схондзынӕн хӕрзаудӕн, иннӕ та — фидыд ӕмӕ уыдонӕй фысты хиздзынӕн.


Дыккаг бон филистимӕгтӕ фӕзындысты мӕрдты стигъынмӕ ӕмӕ Гилбоайы хохыл мардӕй ссардтой Саул ӕмӕ йе ’ртӕ фырты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ