Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 1:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Давид загъта: «Дӕхи аххосӕй ӕрцыди дӕ мӕлӕт, уымӕн ӕмӕ дӕхӕдӕг загътай, Дунедарӕджы байсӕрсты амардтон, зӕгъгӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 1:16
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕз ӕм бацыдтӕн ӕмӕ йӕ амардтон — уыдтон, нал фервӕздзӕни, уый. Йӕ сӕрӕй йын паддзахы худ систон, йӕ цонгдарӕн ын йӕ цонгӕй рафтыдтон ӕмӕ сӕ мӕнӕ ме ’лдармӕ ӕрбахастон».


Кӕй паддзахы бадӕн байстай, уыцы Саулы хӕдзары туг дӕ исы Дунедарӕг. Дӕ паддзахад дӕр дын дӕ фырт Авессаломӕн радта. Ды фыдбылызы бахаудтӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты».


Искуы искӕцырдӕм рабалц кодтай, намӕ Кедроны тӕрфыл бахызтӕ, зӕгъгӕ, уӕд дӕ гуырӕй райгӕ у, уымӕн ӕмӕ тӕккӕ уыцы бон дӕ мӕлӕт ӕрцыд».


Ӕз нӕ — дӕхи ’взаг дӕ кӕны азымджын, дӕхи ныхӕстӕ дыл цӕуынц комдзог.


уӕд дӕ рацахста дӕхи ныхас, дӕхи ныхӕсты уацары бахаудтӕ.


пайдайы охыл ӕфстау куы дӕтта, уӕд ахӕм куыд хъуамӕ баззайа цӕргӕйӕ? Нӕ, уымӕн нӕй фӕцӕрӕн. Ахӕм ӕлгъаг митӕ чи кӕны, уый ӕнӕмӕнг амӕлдзӕн ӕмӕ йӕ мӕлӕты аххосджын уыдзӕн йӕхӕдӕг.


Сыкъауадындзы хъӕр фехъуыста, фӕлӕ йӕхи нӕ бахызта, уымӕ гӕсгӕ йӕ тугныккалды азымджын йӕхӕдӕг уыдзӕн. Йӕхи чи бахиза, уый та йӕ уд фервӕзын кӕндзӕн.


Сылгоймаг исты фосмӕ куы бацӕуа, цӕмӕй йемӕ ӕриу уа, уый тыххӕй, уӕд-иу сылгоймаджы дӕр ӕмӕ фосы дӕр амарут. Сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын.


Нӕлгоймаг ӕви сылгоймаг уа, мӕрдтӕм куы сидой кӕнӕ дӕсны куы фӕрсой, уӕд мард ӕрцӕуӕнт: дурты бын-иу сӕ фӕкӕнӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын“».


Йӕ мад кӕнӕ йӕ фыды чи ӕлгъиты, уый мард ӕрцӕуӕд. Йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды кӕй ралгъыста, уымӕ гӕсгӕ йӕ мӕлӕты аххосджын йӕхӕдӕг у.


Адӕм ын ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд!»


Хицау ын загъта: „Дӕхи дзыхӕй дын тӕрхон кӕндзынӕн, ӕвзӕр цагъар! Ӕз карз лӕг кӕй дӕн ӕмӕ, цы нӕ нывӕрдтон, уый кӕй исын, цы нӕ байтыдтон, уый кӕй кӕрдын, уыдӕттӕ куы зыдтай,


Фӕлӕ уыдон йӕ ныхмӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ кӕй фаудтой, уымӕ гӕсгӕ Павел ацагъта йӕ дарӕсы рыг ӕмӕ сын загъта: «Уе сӕфт уӕхи тыххӕй ӕрцӕудзӕн, ӕз сыгъдӕг дӕн ӕмӕ ныр муртаттӕгтӕм цӕуын».


Уымӕ гӕсгӕ уын ӕз абон зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ ӕз сӕрибар дӕн уӕ алкӕй фидӕны цард кӕнӕ мӕлӕтӕй.


Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.


Ӕмӕ никуы ныккӕлдзӕн ӕнаххосы туг, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уым, ӕмӕ тугныккалды азымджын нӕ фӕуыдзыстут.


Дӕ хӕдзары дуарӕй ӕддӕмӕ чидӕриддӕр рахиза, уымӕн-иу йӕ тӕригъӕд йӕхи фӕуӕд, махмӕ дзы ницы азым ӕрхаудзӕн. Дӕ хӕдзары мидӕг искӕй туг куы ныккӕла, уӕд-иу уый тӕригъӕд та мах сӕр баййафӕд.


Авимелех ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ сӕ тӕригъӕд хъуамӕ иумӕ бафыстаиккой, уымӕн ӕмӕ Авимелех амардта Гедеоны дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты, йе ’фсымӕрты, шехемӕгтӕ та йын уыцы фыдракӕнды ӕххуыс кодтой.


Давид фехъуыста, Навал кӕй амард, уый, ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг! Навал мӕ бафхӕрдта, фӕлӕ Дунедарӕг рахӕцыд мӕ фарс ӕмӕ йын йӕ фыдӕх йӕхи сӕрыл ӕруагъта. Йӕ цагъары та фыдми ракӕнынӕй бахызта». Уый фӕстӕ Давид хатджытӕ арвыста Авигеамӕ, цӕмӕй йын зӕгъой, кургӕ дӕ кӕны ӕмӕ йӕм ӕрцу, зӕгъгӕ.


Фӕлӕ йын Давид загъта: «Ма йӕ амар! Дунедарӕджы байсӕрстмӕ йӕ къух чи сиса, уый ӕвыдӕй нӕ баззайдзӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ