Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 1:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уӕд ын Давид зӕгъы: «Цы ныфсӕй систай дӕ къух, Дунедарӕг кӕй байсӕрста, уымӕ?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 1:14
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ сын Уый сӕххӕст кодта сӕ курдиат, фӕлӕ сыл рын бафтыдта.


Дунедарӕджы байсӕрст паддзах — нӕ царды комулӕфт — къӕппӕджы куы бахауди! Дзырдтам-иу: «Адӕмты ’хсӕн йемӕ нӕу махӕн фесӕфынӕй тас».


Уыци-уыцитӕй нӕ, фӕлӕ ӕргом, лӕгӕй-лӕгмӕ дзурын Ӕз йемӕ; уый Дунедарӕджы сурӕт йӕ цӕстӕй куы уыны, уӕд куыд бауӕндыдыстут сымах Мӕ цагъары, Моисейы, ныхмӕ дзурын?»


уӕлдайдӕр та, чъизи монцты фӕдыл чи цӕуы, Хуыцауы бартӕ чи ницӕмӕ дары, уыдонӕн. Сӕрхызт ӕмӕ ӕнаккаг, ахӕм адӕм, уӕларвон тыхтыл цъыфкалӕн кӕнгӕйӕ, уыдонӕн сӕ азарӕй дӕр нӕ тӕрсынц.


Самуел райста сойы дурын, Саулы сӕрыл оливӕйы сой ӕруагъта, аба йын кодта ӕмӕ загъта: «Ацы байсӕрстӕй дӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн фӕтӕг зӕгъы.


Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».


Абон дӕхи цӕстӕй федтай, Дунедарӕг дӕ лӕгӕты мӕ къухтӕм куыд лӕвӕрдта, уый. Дзырдтой мын, амар ӕй, зӕгъгӕ, фӕлӕ дын ӕз фӕтӕригъӕд кодтон ӕмӕ загътон: „Мӕ паддзахмӕ мӕ къух нӕ сисдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый Дунедарӕджы байсӕрст у“.


Фӕлӕ фыр ӕфсӕрмӕй йӕ цӕсгом ссыгъди, Саулы фӕччи кӕй ралыг кодта, уый тыххӕй.


Ӕмӕ йӕ адӕмӕн загъта: «Дунедарӕг мӕ бахизӕд, мӕ паддзахмӕ, Дунедарӕджы байсӕрстмӕ, мӕ къух сисынӕй — уый Дунедарӕджы байсӕрст у».


Уый фӕлтау ын йӕ нывӕрзӕны ’рдыгӕй арц ӕмӕ доны дурын райс, ӕмӕ цом».


Фӕлӕ йын Давид загъта: «Ма йӕ амар! Дунедарӕджы байсӕрстмӕ йӕ къух чи сиса, уый ӕвыдӕй нӕ баззайдзӕн».


Саул йӕ хотыхдарӕн загъта: «Дӕ кард слас ӕмӕ мӕ амар, науӕд ныртӕккӕ ацы ӕнӕсунӕттӕ ам ӕрбалӕудзысты, кард мӕ ныссадздзысты ӕмӕ мын мӕ удӕй фӕхъаздзысты». Фӕлӕ хотыхдар тынг фӕтарсти ӕмӕ йӕ коммӕ нӕ бакаст. Уӕд Саул йӕ карды фистон зӕхмӕ фӕбыцӕу кодта ӕмӕ йын йӕ фындзыл ӕрхауд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ