11 Уӕд Давид йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ фӕйнӕрдӕм арӕдывта; афтӕ бакодтой, йемӕ чи уыди, уыдон дӕр.
Рувим донуатмӕ ӕрбаздӕхти, кӕсы, ӕмӕ Йосеф уым нал. Уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм,
Йаков йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ астӕуыл сӕхъис ӕрбатыхта ӕмӕ бирӕ бонты фӕкуыдта йӕ фыртыл.
Уӕд ӕфсымӕртӕ фӕйнӕрдӕм арӕдывтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ дзы алчи йӕ уаргъ фӕстӕмӕ йӕ хӕрӕгыл сӕвӕрдта, афтӕмӕй ӕрбаздӕхтысты сахармӕ.
Тамар йӕ сӕрыл фӕнык байзӕрста, йӕ хуызджын дарӕс ӕрыскъуыдтӕ кодта ӕмӕ, йӕ къухтӕй йӕ сӕрыл хӕцгӕ, хъӕрӕй дзынӕзта, афтӕмӕй цыди.
Паддзах фестади, йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ ныддӕлгом ис зӕххыл. Йӕ алыварс уыдысты йӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ уыдон дӕр арӕдывтой сӕ дарӕс.
Йоав ӕмӕ, йемӕ чи уыди, ӕппӕт уыцы адӕмӕн Давид загъта: «Уӕ дарӕс арӕдувут фӕйнӕрдӕм, сӕхъистӕ скӕнут уӕ уӕлӕ ӕмӕ Авнерыл уӕ цӕссыг калут». Паддзах Давид йӕхӕдӕг дӕр Авнеры сынты фӕдыл цыди.
Израилы паддзах уыцы фыстӕг куы бакаст, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ загъта: «Уымӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Марын ӕмӕ ӕгас кӕныны хъуыддӕгтӕ мӕ бӕрны, мыййаг, сты? Мӕнмӕ йӕ цы ’рбарвыста йӕ хъотырнизӕй сдзӕбӕх кӕнынмӕ? Уӕдӕ йӕ уӕ зӕрдыл бадарут, хӕст расидын ӕй фӕнды ӕмӕ ӕфсон агуры».
Ӕмӕ ды, ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджытӕн цы бакӕнынмӕ хъавын, уый куы фехъуыстай, уӕд Дунедарӕджы раз кӕй ӕрфӕсмон кодтай, дӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм кӕй арӕдывтай ӕмӕ Мӕ разы дӕ цӕссыг кӕй калдтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз дӕр фехъуыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Уыцы ныхас куы фехъуыстон, уӕд мӕ дарӕстӕ, ӕддагӕй-мидӕггагӕй, фыр адӕргӕй арӕдывтон фӕйнӕрдӕм, мӕ сӕрыхъуынтӕ ӕмӕ боцъотӕ тыдтон. Цавддурау бадтӕн,
Мардохей хабар куы фехъуыста, уӕд адӕргӕй йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, йӕ буар бызгъуыртӕй ӕрбамбӕрзта, рыджы йӕхи сӕвдылдта ӕмӕ, бон ӕм арвы рухс нал зынди, афтӕмӕй, хъӕрӕй ӕрдиаггӕнгӕ, сахары уынгты азгъордта.
Паддзах ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр уыцы ныхӕстӕ фехъуыстой, фӕлӕ нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм нӕ арӕдывтой.
Уӕ дарӕс нӕ, фӕлӕ уӕ зӕрдӕтӕ арӕдувут фӕйнӕрдӕм!» Раздӕхут уӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ Уый барон ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг, бирӕбыхсаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ у, фыдбылыз ӕруадзыны фӕнд аивдзӕнис ӕхсызгонӕй.
Фӕлӕ апостолтӕ Варнавӕ ӕмӕ Павел уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ дарӕстӕ арӕдывтой фӕйнӕрдӕм, сӕхи баппӕрстой адӕммӕ ӕмӕ хъӕлӕсы дзагӕй дзырдтой:
Цин кӕнут, цин чи кӕны, уыдонимӕ ӕмӕ кӕут, чи кӕуы, уыдонимӕ.
Йешуа йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныддӕлгом ис зӕххыл Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕмӕ афтӕмӕй баззади суанг изӕрмӕ. Израилы хистӕртӕ дӕр ӕй бафӕзмыдтой, сӕ сӕртыл рыг байзӕрстой.