Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 1:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ӕз ӕм бацыдтӕн ӕмӕ йӕ амардтон — уыдтон, нал фервӕздзӕни, уый. Йӕ сӕрӕй йын паддзахы худ систон, йӕ цонгдарӕн ын йӕ цонгӕй рафтыдтон ӕмӕ сӕ мӕнӕ ме ’лдармӕ ӕрбахастон».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 1:10
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид загъта: «Дӕхи аххосӕй ӕрцыди дӕ мӕлӕт, уымӕн ӕмӕ дӕхӕдӕг загътай, Дунедарӕджы байсӕрсты амардтон, зӕгъгӕ».


Уӕд мын афтӕ зӕгъы: „Рауай-ма, амар мӕ, науӕд саутухӕны бафтыдтӕн, мӕ уд та нырма мӕ мидӕг ис“.


Сӕ паддзахы сӕрӕй сын, ӕрмӕст йӕ сыгъзӕрин дӕр иу таланты уӕзӕн кӕмӕн уыд, йӕ уыцы налхъуыт-налмасӕй фӕлыст кады худ фелвӕста ӕмӕ йӕ йӕхи сӕрыл ӕркодта. Сахарӕй тынг бирӕ ӕфтиаг рахаста.


Сауджын паддзахы фырты ӕддӕмӕ ракодта, паддзахы худ ыл ӕркодта ӕмӕ йын радта паддзахиуӕджы ӕвдисӕндар. Уый фӕстӕ йӕ байсӕрста ӕмӕ йӕ расидти паддзахӕй. Иууылдӕр ын нымдзӕгъд кодтой ӕмӕ цинхъӕр самадтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»


Нӕ кады худтӕ куы ’рхаудысты нӕ сӕртӕй! О, додойаг куы фестӕм мах нӕ тӕригъӕды аххосӕй!


уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.


Уӕд Адони-Безек загъта: «Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз паддзахы, сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ уыдысты лыг, афтӕмӕй мӕ фынджы бын уӕлдӕйттӕ уыгътой; мӕхӕдӕг иннӕтӕн цытӕ кодтон, уыдӕттӕ мын Хуыцау мӕхицӕн дӕр бавзарын кодта». Израилӕгтӕ Адони-Безекы Йерусалиммӕ акодтой, ӕмӕ уым амарди.


Авимелех уайтагъд йӕ хотыхдармӕ фӕсидти: «Слас дӕ кард ӕмӕ мӕ амар. Хъуамӕ мачи зӕгъа, Авимелехы сылгоймаг амардта, зӕгъгӕ». Хотыхдар ын йӕ риуы кард ныссагъта, ӕмӕ амарди.


Уӕд паддзах загъта Доегӕн: «Цу уӕдӕ ды амар сауджынты». Ӕмӕ едомаг Доег сауджынты ныццагъта. Уыцы бон уый амардта ӕстай фондз лӕджы, гӕнӕй уафт ефод чи дардта, ахӕмты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ