9 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Рӕдауӕй радта, байуӕрста мӕгуыртӕн; йӕ рӕстад цӕрдзӕни мыггагмӕ».
Дунедарӕджы ном кадджын уӕд скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ!
ӕнӕзӕнӕг сылгоймагӕн хъӕбулы амонд ратты. Алелуйа!
Раст фӕндагмӕ ӕмӕ уарзондзинадмӕ чи тырны, уый ссардзӕнис цард дӕр, раст фӕндаг дӕр ӕмӕ кад дӕр.
Мӕнмӕ сты хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад, ӕвидигӕ фарн ӕмӕ рӕстдзинад.
Уӕ фыдгултӕ бабын уыдзысты, рӕмпӕг дарӕс куыд бахӕры, къуыдыргалм та — къуымбил, уый хуызӕн».
Ныр ис ӕртӕ: уырнындзинад, ныфс, уарзт. Фӕлӕ уыдонӕн сӕ тӕккӕ ахъаззагдӕр уарзт у.
Тауӕгӕн мыггаг Чи дӕтты, хӕрынӕн та — хойраг, Уый уын ратдзӕн мыггаг, ӕрзайын кӕндзӕн ӕмӕ сбирӕ кӕндзӕн уӕ рӕстады тыллӕг.