Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 9:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Хуыцауӕн та Йӕ бон у сымах алы хорзӕхӕй дӕр схъӕздыг кӕнын; уӕд уӕм ӕдзух алцыдӕр уыдзӕни, цас уӕ хъӕуы, уый бӕрц, ӕмӕ ма уӕлдайджынтӕй фаг уыдзӕн алы хорз хъуыддагӕн дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 9:8
28 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Амациа йын дзуапп радта: «Ӕмӕ израилаг ӕфсадӕн цы сӕдӕ таланты радтон, уыдонӕн та цы кӕнон?» Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ын загъта: «Дунедарӕджы бон дын у уымӕй бирӕ фылдӕр раттын».


Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.


Дунедарӕджы арфӕ адӕймаджы схъӕздыг кӕны, ӕмӕ йемӕ сагъӕс нӕ хӕссы.


Чидӕр рӕдауӕй уары, ӕмӕ йӕ исбоныл ӕфты, чидӕр та алцӕуыл ауӕрды, фӕлӕ мӕгуырӕй-мӕгуырдӕр кӕны.


Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ мӕгуыртӕй йӕ цӕстытӕ чи азилы, уый бирӕ фелгъитдзысты.


Дӕ исбонӕй ӕмӕ дӕ алы ’фтиаджы сӕрӕй Дунедарӕгӕн кад кӕн кӕддӕриддӕр,


Ӕвзист дӕр ӕмӕ сыгъзӕрин дӕр Мӕн сты, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хӕйттӕ иууылдӕр къӕбицтӕм ӕрбахӕссут, цӕмӕй Мӕ Хӕдзары хойраг уа, ӕмӕ Мӕ уымӕй уӕддӕр бафӕлварут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Цымӕ уын арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ Мӕ арфӕты бын нӕ фӕуаиккат?


Яффойы уыдис иу уырнӕг сылгоймаг, йӕ ном — Тавифӕ (ома Сычъи). Бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ арӕзта, мӕгуыртӕн ӕххуыс кодта.


Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Бардарӕгӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Бардарӕгӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.


Уымӕн ӕмӕ сымах, Чырысти мӕ дзыхӕй дзуры ӕви нӕ, уымӕн исты ӕвдисӕйнӕгтӕ домут. Чырысти уын ӕдых нӕу, фӕлӕ Йӕ хъару равдисы уе ’хсӕн.


Уымӕй уӕлдай ма йӕ аргъуантӕ равзӕрстой не ’мбӕлццонӕй дӕр, мах кӕй аразӕм, уыцы арфӕйаг хъуыддаджы. Уыцы куыст мах кӕнӕм Бардарӕджы кадӕн ӕмӕ йыл ӕнувыдӕй кӕй архайӕм, уый равдисынӕн.


Уыдон фӕлвӕрд ӕрцыдысты стыр зынты, фӕлӕ уӕддӕр сӕ цинӕн кӕрон нӕй; уыцы мӕгуырӕй дӕр сӕ рӕдаудзинадӕн кӕрон нӕй.


Сымах алцӕмӕй дӕр хъӕздыг стут — ис уӕм уырнындзинад, зонынад, арӕхсут дзурынмӕ, иудадзыг стут ӕнувыд, уарзут нӕ. Уӕдӕ ацы арфӕйаг хъуыддаджы дӕр уӕхи равдисут рӕдауӕй.


Алцӕмӕй дӕр афтӕ схъӕздыг уыдзыстут, ӕмӕ уӕ бон уыдзӕни кӕддӕриддӕр рӕдауӕй баххуыс кӕнын. Уӕд бирӕтӕ арфӕ кӕндзысты Хуыцауӕн, нӕ къухӕй кӕй айсой, уӕ уыцы ӕххуысы тыххӕй.


Мах Хуыцауы сконд стӕм, Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ сфӕлдыстӕуыд, Хуыцау нын рагацау кӕй снысан кодта, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ.


Цы курӕм кӕнӕ нӕ хъуыдыйы дӕр цы нӕй, уымӕй дзӕвгар фылдӕр саразын нӕ бон Кӕй хъаруйӕ у,


Хъуӕгтӕ ӕййафын, зӕгъгӕ, уый тыххӕй уын нӕ зӕгъын — ӕз сахуыр дӕн, цы ис, уый фагыл нымайыныл.


Мах кувӕм, цӕмӕй уӕ цардӕй кад кӕнат Бардарӕгӕн ӕмӕ алцы дӕр, Уымӕн ӕхцон куыд уа, афтӕ кӕныныл архайат, уӕ алы хорз хъуыддаг дӕр пайда куыд хӕсса ӕмӕ Хуыцауы фылдӕрӕй-фылдӕр куыд зонат,


барӕвдауӕд сымах зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ сфидар кӕнӕд, цӕмӕй кӕддӕриддӕр аразат ӕмӕ дзурат, хорз цы у, уый.


Уӕдӕ, йӕхи алы ӕвзӕрдзинадӕй чи ссыгъдӕг кӕна, уый уыдзӕнис кадджын ӕмӕ уаз мигӕнӕн — пайда дзы кӕны Хӕдзары Хицау ӕмӕ бӕззы алы хорз хъуыддагӕн дӕр.


Хуыцауы сконд адӕймаг алы хуызы ифтонг ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ куыд уа, афтӕ.


Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.


Уадз ӕмӕ мах уырнджытӕ дӕр сахуыр уой, ӕххуысы сӕр кӕм хъӕуы, уым ӕнувыдӕй хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл, науӕд сӕ уырнындзинад уыдзӕн ӕнӕпайда.


Ацы ныхас ӕцӕг у. Мӕн уый фӕнды, ӕмӕ адӕмы ӕнувыдӕй ахуыр кӕнай ӕппӕт уыдӕттыл, цӕмӕй, Хуыцауыл чи баууӕндыд, уыдон сӕхи зӕрдиагӕй хъарой хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл. Уый хорз у, ӕмӕ адӕмӕн уыдзӕни пайда.


Сымахӕй алкӕмӕн дӕр рардӕуыд йӕхи курдиат, ӕмӕ уӕ алчидӕр Хуыцауы лӕвӕрд уыцы алыхуызон хорзӕхтӕй раст пайда кӕнӕд кӕрӕдзийӕн лӕггады охыл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ