5 Ӕнхъӕл куыд уыдыстӕм, уымӕй ноджы стырдӕр ӕххуыс бакодтой! Сӕхи уал раздӕр Бардарӕгӕн радтой, стӕй та, Хуыцауы фӕндӕй, махӕн.
Уӕд Хуыцауы Уд ӕртыхсти, фӕстӕдӕр дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕхсарджыны хистӕр чи сси, уыцы Амасайыл, ӕмӕ уый загъта: «Мах дӕу стӕм, Давид! Мах демӕ стӕм, Йессейы фырт! Фарн дӕм бадзурӕд, фарн бадзурӕд де ’ххуысгӕнджытӕм, — ауды дыл дӕ Хуыцау». Давидӕн йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ сӕ йе ’фсадӕн хицӕуттӕй баурӕдта.
Дунедарӕг Иудейы цӕрджытыл Йӕ арм дардта, иу зондахаст сын радта, ӕмӕ сӕххӕст кодтой, паддзах ӕмӕ сын йӕ барджынтӕ Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цы бардзырд радтой, уый.
Ӕмӕ уӕ фыдӕлтау хиваст ма ут, Дунедарӕджы коммӕ кӕсут. Ӕрбацӕут Ын Йӕ Кувӕндонмӕ, мыггагмӕ кӕй ссыгъдӕг кодта, уырдӕм. Лӕггад кӕнут уӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн, ӕмӕ уӕ иуварс аздаха Йӕ судзгӕ маст.
Мӕнӕ ис, Израилы байзӕддӕгтимӕ уыцы заманы фӕстӕ цы Фидыд сараздзынӕн, уый, — зӕгъы Дунедарӕг: Ме ’Гъдау сын сӕ сӕрызонды бавӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕтыл сын ӕй ныффысдзынӕн. Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм.
Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»
Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн.
Уӕ буары хӕйттӕй макӕцы бауадзут ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразыны хотых суӕвын ӕмӕ тӕригъӕдӕн лӕггад кӕнын, фӕлӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас стут, уымӕ гӕсгӕ уӕхи бакӕнут Хуыцауы ӕвджид ӕмӕ Йын рӕстады хотыхӕн раттут уе уӕнгтӕ.
Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй, ӕмӕ ӕфсымӕр Сосфенӕй —
Мах нӕхи тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм, фӕлӕ, Йесо Чырысти Хицау кӕй у, уый тыххӕй; мах та Йесойы сӕраппонд уӕ цагъартӕ стӕм.
Хъусын уын кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ, Македонийы аргъуантӕн Хуыцау цы хорзӕх радта, уый тыххӕй.
Ныр та мӕ рад у, ӕмӕ Йын ӕй дӕттын: цард-цӕрӕнбонтӕм Дунедарӕджы у». Ӕмӕ лӕппу Дунедарӕджы раз ӕрзоныг кодта уым.