Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 8:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уымӕй уӕлдай ма йӕ аргъуантӕ равзӕрстой не ’мбӕлццонӕй дӕр, мах кӕй аразӕм, уыцы арфӕйаг хъуыддаджы. Уыцы куыст мах кӕнӕм Бардарӕджы кадӕн ӕмӕ йыл ӕнувыдӕй кӕй архайӕм, уый равдисынӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 8:19
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Алы аргъуанӕн дӕр сӕвӕрдтой хистӕртӕ, сӕ къухтӕ сыл ӕрӕвӕргӕйӕ. Ком даргӕйӕ сын скуывтой ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхстой, Кӕуыл баууӕндыдысты, уыцы Бардарӕгыл.


Уӕд апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ ӕппӕт аргъуанимӕ сфӕнд кодтой аргъуанӕй цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ сӕ Павелимӕ ӕмӕ Варнавӕимӕ Антиохимӕ арвитын. Ӕмӕ сӕрмагондӕй равзӕрстой, Варсавӕ дӕр ма кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы, стӕй Силӕйы — ӕфсымӕрты ӕхсӕн дзырддзӕугӕдӕрты.


Уымӕ гӕсгӕ мах ӕмзӕрдӕйӕ бауынаффӕ кодтам цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ уӕм сӕ нӕ уарзон ӕфсымӕртӕ Варнавӕ ӕмӕ Павелимӕ арвитын —


Йӕ ӕххуысгӕнджытӕй дыууӕйы, Тимофей ӕмӕ Эрасты, арвыста Македонимӕ, йӕхӕдӕг та рӕстӕгмӕ баззад Азийы.


Ӕгас сахар ӕддӕг-мидӕг ауади. Адӕм ӕрцахстой Павелы македойнаг ӕмбӕлццӕттӕ Гайос ӕмӕ Аристархы ӕмӕ ӕмгуылфӕй атындзыдтой театрмӕ.


Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауимӕ кӕй стӕм, уымӕй нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы ӕппӕлӕм — Уый нӕ бафидауын кодта Хуыцауимӕ.


Ӕмӕ нӕ цин ӕрмӕст ууыл нӕу, фӕлӕ нӕ тухӕнтыл дӕр, уымӕн ӕмӕ зонӕм, тухӕнтӕ бавзаргӕйӕ кӕй свӕййӕм фӕразон,


Ӕппӕт уыдӕттӕ сты уӕ сӕраппонд, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх анхъӕвза бирӕ адӕмыл ӕмӕ расайа бирӕ арфӕтӕ Хуыцауы кадӕн.


Уӕдӕ уыцы хъуыддаг ныр кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнут. Йӕ райдайын уӕ куыд зӕрдиагӕй фӕндыд, афтӕ йӕ кӕронмӕ дӕр ахӕццӕ кӕнут уӕ фадӕттӕм гӕсгӕ.


Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.


Уый тыххӕй сӕ ӕрвитӕм, ӕмӕ нын не ’вджид кӕй бакодтой, уыцы ӕххуыс егъау у, ӕмӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй нӕ мачи базылын кӕна.


Уымӕн ӕмӕ уӕ зӕрдиагӕй баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, уый мӕнӕн зындгонд у, ӕмӕ мӕхицӕй ӕппӕлын македойнӕгтӕн, Ахайы уырнджытӕ суанг ивгъуыд азӕй нырмӕ ӕххуысмӕ цӕттӕ сты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, сымах ӕнувыд кӕй стут, уый бирӕты сразӕнгард кодта.


Хуыцауӕн та Йӕ бон у сымах алы хорзӕхӕй дӕр схъӕздыг кӕнын; уӕд уӕм ӕдзух алцыдӕр уыдзӕни, цас уӕ хъӕуы, уый бӕрц, ӕмӕ ма уӕлдайджынтӕй фаг уыдзӕн алы хорз хъуыддагӕн дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ