17 Уый уӕм ныридӕгӕн фӕцӕуы, мах ӕм кӕй ӕрхатыдыстӕм, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ фыр ӕнувыдӕй йӕхи бафӕндыд.
Ӕз ӕрхатыдтӕн Титмӕ сымахмӕ ацӕуыны тыххӕй, ӕмӕ ма йын ӕфсымӕртӕй иуы арвыстон йемӕ. Тит уӕ исты райста? Мах Титимӕ ӕмзӕрдӕ нӕ уыдыстӕм исты, иу фӕндагыл нӕ цыдыстӕм, мыййаг?
Зӕгъын уын мӕ хъуыды: ацы хъуыддаг уӕ пайдайӕн у, уымӕн ӕмӕ йӕ суанг фарон фыццаг сымах райдыдтат, стӕй йӕ саразыны фӕнд дӕр фыццаг уӕхицӕй рацыд.
Уымӕ гӕсгӕ мах куырдтам Титӕй, уыцы арфӕйаг хъуыддаг куыд райдыдта, афтӕ йӕ сымахмӕ дӕр кӕронмӕ куыд ахӕццӕ кӕна.
Ӕз афтӕ бардзырд дӕттыны хуызы нӕ зӕгъын, фӕлӕ, иннӕтӕ ӕнувыд кӕй сты, уымӕй фӕлварын уӕ уарзт — зӕрдиаг у ӕви нӕ.
Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, байхъусут ацы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕм. Ӕз уӕм бирӕ дӕр куы нӕ ныффыстон.