15 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Бирӕ чи ӕрӕмбырд кодта, уымӕ уӕлдай нӕ уыди, къаддӕр чи ӕрӕмбырд кодта, уый та хъуаг не ’ййӕфта».
Цы ӕруыгътой, уый омерӕй куы барстой, уӕд рауад афтӕ, ӕмӕ, бирӕ чи ӕрӕмбырд кодта, уымӕ уӕлдай нӕ уыди, къаддӕр чи ӕрӕмбырд кодта, уый та нӕ баййӕфта хъуаг. Алчидӕр сӕ ӕруыгъта йӕ бинонты фаг.
Йесо сӕ бафарста: «Ӕз уӕ ӕнӕ ӕхцайы чыссӕйӕ, ӕнӕ хордзенӕй ӕмӕ ӕнӕ ивӕн дзабыртӕй фӕндагыл куы ӕрвыстон, уӕд истӕмӕй хъуаг ӕййӕфтат, мыййаг?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Ницӕмӕй».
Бузныг Хуыцауӕй, мах уыл куыд ӕнувыд стӕм, афтӕ Титӕн дӕр сымахыл ӕнувыд уӕвыны зӕрдӕ кӕй радта, уый тыххӕй.