Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 7:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уӕ базылын кӕныны тыххӕй нӕ зӕгъын афтӕ. Амӕй размӕ дӕр уын куы загътон: уый бӕрц уӕ уарзӕм, ӕмӕ цӕттӕ стӕм уемӕ амӕлынмӕ дӕр ӕмӕ цӕрынмӕ дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 7:3
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цӕмӕн афтӕ дарын мӕхи? Кӕй уӕ нӕ уарзын, уый тыххӕй? Хуыцау — ӕвдисӕн: ӕз уӕ бирӕ уарзын. Фӕлӕ, мӕхи куыд дардтон, афтӕ дардзынӕн нырӕй фӕстӕмӕ дӕр,


Цыдӕриддӕр мӕм ис, уый дӕр ӕмӕ суанг мӕхи дӕр цингӕнгӕ ратдзынӕн уӕ удты сӕраппонд. Ӕз уӕ бирӕ куы уарзын, уӕд мӕ сымах къаддӕр цӕмӕн уарзут?


Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ, сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Бардарӕг цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ.


Сымах уӕхӕдӕг стут нӕ фыстӕг! Уый нӕ зӕрдӕты фыстӕй лӕууы, алкӕмӕн дӕр зындгонд у, алчидӕр ӕй, йӕ бон у, ӕмӕ бакӕса.


Уӕдӕ уӕм ӕз иугӕр ныффыстон, уӕд ӕфхӕрӕджы сӕраппонд дӕр ӕмӕ ӕфхӕрд баййафӕджы сӕраппонд дӕр нӕ, фӕлӕ уын цӕмӕй Хуыцауы раз раргом уа, куыд ӕнувыд ныл стут, уый.


Уе ’ппӕтмӕ дӕр ӕз хъуамӕ ахӕм цӕстӕй кӕсон, уымӕн ӕмӕ сымах цӕрут мӕ зӕрдӕйы. Уе ’ппӕт — ныртӕккӕ, ахӕстоны куы дӕн, уӕд дӕр, Фарны Уацы сӕрыл куы хӕцыдтӕн, уӕд дӕр ӕмӕ, раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн куы лӕууыдтӕн, уӕд дӕр — мемӕ иумӕ архайдтат, мӕнӕн нысандгонд чи у, уыцы арфӕйаг хъуыддаджы.


Мах уыл афтӕ ӕнувыд стӕм, афтӕ уӕ бауарзтам, ӕмӕ нӕ бафӕндыди сымахӕн ӕрмӕст Хуыцауы Фарны Уац фехъусын кӕнын нӕ, фӕлӕ уын нӕ уд дӕр раттын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ