15 Куы ӕрымысы, йӕ коммӕ куыд кастыстут, нымдгӕнгӕ йын цы кад скодтат ӕмӕ йын цы хорз фысым фестут, уый, уӕд йӕ зӕрдӕйӕн ноджы адджындӕр свӕййут.
Йосефӕн йе ’фсымӕры уындӕй йӕ зӕрдӕ суынгӕг, йӕ цӕссыг ма тыххӕй баурӕдта. Рӕбинаг уатмӕ бацыди ӕмӕ уым фӕкуыдта.
Уӕд, ӕгас лӕппу кӕй саби уыд, уыцы сылгоймагӕн йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта йӕ хъӕбулы тӕригъӕдӕй ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «О мӕ паддзах! Раттут ын ӕгас лӕппуйы, ма йӕ амарут». Иннӕ сылгоймаг та загъта: «Нӕ иу дӕр ӕмӕ дзы не ’ннӕ дӕр ӕнӕхай фӕуӕд! Афадут ӕй!»
Иудей ӕмӕ Бениамины цӕрджытӕ иууылдӕр ӕртӕ бонмӕ, фарӕстӕм мӕйы ссӕдзӕм бон, ӕрбамбырд сты Йерусалиммӕ. Адӕм бадтысты Хуыцауы хӕдзары цур фӕзы. Хъуыддагыл катайӕ дӕр адӕргӕй гӕвз-гӕвз кодтой, къӕвдайӕ дӕр рызтысты.
афтӕмӕй, лигъдӕтты ӕнаккаг миты тыххӕй Израилы Хуыцауы азарӕй ӕдас чи нӕ уыди, уыдон иууылдӕр мӕ алыварс ӕрбамбырд сты. Изӕры нывонд хӕссыны афонмӕ мӕ бынатӕй змӕлгӕ дӕр нӕ фӕкодтон.
Куы ахъуыды кӕнын, уӕд мӕхиуыл дӕр стыр тас бахӕцы, ӕмӕ ӕмризӕджы нырризын.
Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнут тасимӕ ӕмӕ райут, стъӕлфгӕйӕ.
Мӕ уарзон мӕм дуары зыхъхъырӕй йӕ къух ӕрбадардта, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ, ризгӕйӕ, ныггуыпп-гуыпп кодта.
Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.
Ефремӕн-иу йӕ ныхас куы райхъуыст, уӕд-иу адӕмыл ризӕг бахӕцыд. Стыр кад ын уыд Израилы, фӕлӕ Баалы тыххӕй азымджын фӕци ӕмӕ бабын ис.
Аргӕ-арын сылгоймаг хъизӕмар фӕкӕны, фӕлӕ, куы ныййары, уӕд дзы фыр цинӕй йӕ удхар ферох вӕййы, уымӕн ӕмӕ дунемӕ адӕймаг фӕзынд.
Уӕд хъахъхъӕнӕг ӕрбахӕссын кодта цырагъ, базгъордта ахӕстонмӕ ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ Павел ӕмӕ Силӕйы къӕхтӕм йӕхи ӕрӕппӕрста.
Ӕз сымахмӕ уыдтӕн лӕмӕгъӕй, ӕнцой нӕ зыдтон, аккаг куынӕ разынон, уымӕй тӕрсгӕйӕ.
Фысгӕ дӕр уӕм, алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕс стут ӕви нӕ, уый бафӕлварыны тыххӕй ныккодтон.
Бынат уын ис нӕ зӕрдӕты, махӕн та уӕ зӕрдӕты фаг бынат нӕй.
Цагъартӕ, зӕрдиагӕй, тӕрсгӕйӕ ӕмӕ аргъуыц кӕнгӕйӕ уӕ зӕххон хицӕутты коммӕ кӕсут, цыма Чырыстийӕн лӕггад кӕнут, афтӕ.
Уе ’ппӕты дӕр Йесо Чырыстийы уарзтӕй кӕй уарзын, уымӕн Хуыцау — ӕвдисӕн.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, сымах иудадзыг коммӕгӕс уыдыстут — ӕз уемӕ куы уыдтӕн, уӕд дӕр, уӕлдайдӕр та ныртӕккӕ, ӕз уемӕ куы нӕ дӕн, уӕд. Уӕдӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ уӕхи хъарут уӕ фервӕзыныл,
Сымах Хуыцау сӕвзӕрста, стут Йӕ сыгъдӕг ӕмӕ уарзон адӕм. Уӕдӕ ут тӕригъӕдгӕнаг, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг, ӕвӕлмас ӕмӕ фӕразон.
Нӕ фыстӕджы цы амындтытӕ ис, уыдонмӕ чи нӕ байхъуса, ахӕмы хъуамӕ зонат ӕмӕ уын йемӕ иумӕйагӕй мацы уа, цӕмӕй йӕхиуыл ӕрхуда.
Зӕххон цардӕн алцыдӕр фаг кӕмӕ ис, уый йе ’фсымӕры хъуӕгтӕ куы уына, фӕлӕ йӕхи нӕуынӕг куы скӕна, уӕд йӕ зӕрдӕйы Хуыцауы уарзондзинад куыд цӕрдзӕн?