Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 7:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уӕдӕ Титӕн цӕмӕйдӕрты сымахӕй кӕй раппӕлыдтӕн, уымӕй къӕмдзӕстыгӕй нӕ баззадтӕн. Мах уын цы дзырдтам, уый ӕцӕг куыд у, афтӕ, Титӕн цӕмӕйты раппӕлыдыстӕм, уыдон дӕр раст рауадысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 7:14
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи нывонд кӕнын Дӕуӕн, цӕмӕй уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу бауой.


Уӕ аргъуан фехалынӕн нӕ, фӕлӕ йӕ саразынӕн Бардарӕг махӕн цы бартӕ радта, уыдонӕй ӕгӕр куы раппӕлон, уӕд дӕр нӕ фӕхудинаг уыдзынӕн.


Ӕниу мӕ мӕхицӕй раппӕлын куы бафӕнда, уӕд дӕр ӕнӕзонд нӕ уыдзынӕн — раст цы у, уый зӕгъдзынӕн. Фӕлӕ мӕхиуыл куы фӕхӕцон, уӕд хуыздӕр уыдзӕн, цӕмӕй мӕ исчи, куы мӕ фӕуыны ӕмӕ мӕм куы фӕхъусы, уӕд ӕм куыд фӕкӕсын, уымӕй хуыздӕр ма фенхъӕла.


уӕддӕр мӕ уд ӕнцой нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ ме ’фсымӕр Тит уым нӕ разынди. Уымӕ гӕсгӕ сын хӕрзбон загътон ӕмӕ ацыдтӕн Македонимӕ.


Ӕмӕ нӕ уымӕй барӕвдыдтат. Мах кӕй барӕвдыдтат, уымӕй фылдӕр та Титы циныл райӕм — сымах ын уе ’ппӕт дӕр фестут удӕнцойы хос.


Ӕз уыл тынг ӕууӕндын, тынг буц уӕ дӕн. Не стыр зынты дӕр ӕз дӕн ныфсджын, ӕмӕ кӕрон нӕй мӕ цинӕн.


Фӕлӕ Хуыцау, зӕрдӕсӕстыты рӕвдауӕг, мах барӕвдыдта Титы ӕрцыдӕй,


Уӕдӕ йӕ аргъуантӕ куыд феной, афтӕ сын хъуыддагӕй равдисут уӕ уарзт, стӕй — сымахӕй дзӕгъӕлы бузныг кӕй не стӕм, уый.


Ӕмӕ та уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уын мӕ фӕрцы фылдӕр фадат уыдзӕн, Йесо Чырыстийы руаджы уын цы бантыст, уымӕй раппӕлынӕн.


Сымах цы ӕфхӕрд ӕмӕ зынтӕ ӕвзарут, уыдонӕн фӕразон кӕй стут ӕмӕ уӕм фидар уырнындзинад кӕй ис, уый тыххӕй мах уӕ хорзы кой кӕнӕм Хуыцауы ӕппӕт иннӕ аргъуанты дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ