Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 7:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ӕмӕ нӕ уымӕй барӕвдыдтат. Мах кӕй барӕвдыдтат, уымӕй фылдӕр та Титы циныл райӕм — сымах ын уе ’ппӕт дӕр фестут удӕнцойы хос.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 7:13
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цин кӕнут, цин чи кӕны, уыдонимӕ ӕмӕ кӕут, чи кӕуы, уыдонимӕ.


Ӕмӕ уӕм, Хуыцауы фӕндӕй, уӕд зӕрдӕрухсӕй фӕзындзынӕн, ӕмӕ мӕ уд ӕрулӕфдзӕн уемӕ.


Уымӕ гӕсгӕ буары иу уӕнг куы фӕриссы, уӕд иннӕтӕ дӕр фӕриссынц йемӕ. Иу уӕнг куы скадджын уа, уӕд иннӕ уӕнгтӕ дӕр цин кӕнынц йемӕ.


Къӕрцхъус ут, фидар уырнындзинад уӕм уӕд, ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых ут.


Сымахау мӕнӕн дӕр удӕнцой ӕрхастой. Ахӕмтӕ уӕм нымады уӕнт!


уӕддӕр мӕ уд ӕнцой нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ ме ’фсымӕр Тит уым нӕ разынди. Уымӕ гӕсгӕ сын хӕрзбон загътон ӕмӕ ацыдтӕн Македонимӕ.


Фысгӕ дӕр уӕм уый тыххӕй ныккодтон, цӕмӕй уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд мӕ маст ма бауадзой, мӕ зӕрдӕ кӕмӕй хъуамӕ барухс уа, уыдон. Уырны мӕ: мӕ цин уе ’ппӕты цин дӕр у.


Уӕдӕ Титӕн цӕмӕйдӕрты сымахӕй кӕй раппӕлыдтӕн, уымӕй къӕмдзӕстыгӕй нӕ баззадтӕн. Мах уын цы дзырдтам, уый ӕцӕг куыд у, афтӕ, Титӕн цӕмӕйты раппӕлыдыстӕм, уыдон дӕр раст рауадысты.


Куы ӕрымысы, йӕ коммӕ куыд кастыстут, нымдгӕнгӕ йын цы кад скодтат ӕмӕ йын цы хорз фысым фестут, уый, уӕд йӕ зӕрдӕйӕн ноджы адджындӕр свӕййут.


Фӕлӕ Хуыцау, зӕрдӕсӕстыты рӕвдауӕг, мах барӕвдыдта Титы ӕрцыдӕй,


Уымӕ гӕсгӕ уӕм ӕй ӕрвитын ӕвӕстиатӕй, цӕмӕй уын йӕ фенд ӕрхӕсса цин, мӕнӕн та мӕ хъыг фӕкъаддӕр уа.


Бардарӕг арфӕ ракӕнӕд Онисифоры хӕдзарӕн. Бирӕ хӕттыты мӕ барӕвдыдта, мӕ рӕхыстӕ дӕр ӕй нӕ урӕдтой — къӕмдзӕстыджы хос ын нӕ уыдысты.


Уӕдӕ, ме ’фсымӕр, мӕн фӕнды, Бардарӕг Йесоимӕ иу кӕй стӕм, уый фӕрцы дӕуӕй фӕпайда кӕнын; Чырыстийы сӕраппонд мын барухс кӕн мӕ зӕрдӕ.


Дӕ уарзт нын ӕрхаста стыр цин ӕмӕ нӕ ныфс бауагъта, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕрцы, ме ’фсымӕр, срухс сты сыгъдӕджыты зӕрдӕтӕ.


Уӕдӕ уе ’ппӕт дӕр ут ӕмзонд, кӕрӕдзийы мӕт ӕмӕ цинӕй хайджын, ӕфсымӕруарзаг, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ