10 Хуыцауӕн фӕндон цы хъыг у, уый расайы фӕсмон, ахӕм фӕсмон та фервӕзынмӕ фӕндаг у ӕмӕ хъынцъыймаг нӕу. Дуне цы хъыг дӕтты, уый та мӕлӕт расайы.
Рахелӕн Йаковӕй цот кӕй нӕ цыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ хомӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта. Иуахӕмы йӕ мойӕн загъта: «Ратт мын цот, науӕд амӕлдзынӕн!»
«Тӕригъӕды бацыдтӕн Дунедарӕджы раз», — загъта Давид Натанӕн. «Дунедарӕг дын ӕй ныххатыр кодта. Нӕ амӕлдзынӕ.
Иу хатт Амнонӕн афтӕ: «Цы кӕныс, паддзахы фырт, бонӕй-бонмӕ куы тайыс? Нӕ мын ӕй схъӕр кӕндзынӕ?» Амнон ын дзуапп радта: «Ме ’фсымӕр Авессаломы хо Тамары бауарзтон».
Ахитофел куы федта, йӕ уынаффӕйыл ын нӕ баввӕрсыдысты, уый, уӕд хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ сӕхимӕ, йӕ райгуырӕн сахармӕ, фӕраст ис. Йӕ хӕдзаронтӕн ныстуан ныууагъта ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта. Йӕ мард ын йӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕрдтой.
Изреелаг Навот ын ахӕм дзуапп кӕй радта, уый тыххӕй Ахав йӕ галуанмӕ ӕрбаздӕхти тарӕрфыг ӕмӕ мӕстӕйдзагӕй, уӕнтӕхъил ӕмӕ сӕргуыбырӕй. Суанг хӕрын дӕр нӕ бакуымдта, афтӕмӕй йӕ хуыссӕны ӕрхуыссыд ӕмӕ йӕ цӕсгом къулы ’рдӕм аздӕхта.
Зӕрдӕ цин куы фӕкӕны, уӕд цӕсгом дӕр ныррухс вӕййы; зӕрдӕйы маст — уды хъынцъым.
Ӕнамонд адӕймаг цӕрӕнбонты — ӕрхӕндӕг, йӕ зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕмӕн у, уымӕ та алы бон дӕр — куывд.
Зӕрдӕйы цин — ӕвдадзы хос, ӕрхӕндӕг зӕрдӕ стджытӕ бахус кӕны.
Ныхасмӕ кӕронмӕ ма байхъус, афтӕмӕй дзуапп ратт — уый ӕдылыдзинад ӕмӕ худинаг у.
Куырыхонтӕ, хъыг кӕм кӕнынц, уырдӕм цӕуын хуыздӕрыл нымайынц, ӕдылытӕ цинтӕм цӕуын уарзынц.
Ардыгӕй цӕссыгкалгӕ цыдысты, фӕлӕ сӕ ныр Мӕхӕдӕг басабыр кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ, кӕуыл нӕ фӕкӕлдзысты, уыцы раст фӕндагыл цӕугӕдӕттӕм акӕндзынӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Израилы фыд, Мӕ фыццаг зӕнӕг Ефрем у!
Чи ма сӕ аирвӕза, уыдон та балидздзысты хӕхтӕм ӕмӕ къӕдзӕхтыл цӕрдзысты дӕлвӕзты бӕлӕттау. Се ’ппӕт дӕр дзыназдзысты се ’наккаг миты аххосӕй.
Ӕмӕ федта Хуыцау, адӕм сӕ рӕдыд фӕндагӕй кӕй рахызтысты, уый, бӕллӕх ӕруадзинаг сыл кӕй уыдис, уымӕй сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ нал ӕруагъта.
цӕмӕй адӕймагӕй, фосӕй ӕмбӕрзт уой уыцы пӕлӕзтӕй, цӕмӕй адӕм Хуыцаумӕ тынг кувын байдайой, цӕмӕй алчи йӕ рӕдыд фӕндагӕй рахиза, фыдбылыз макӕмӕнуал кӕна.
Ӕмӕ Хуыцау Ионӕйӕн загъта: «Ау, зайӕгойы тыххӕй афтӕ маст кӕныс?» «Тынг, амӕлыны онг», — загъта уый.
ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесо йын цы загъта, уый: «Уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Петр ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ судзаг цӕссыгӕй ныккуыдта.
Зӕгъын уын, раст афтӕ фӕцин кӕнынц Хуыцауы зӕдтӕ иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй дӕр».
Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ арвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыди, ӕрмӕст йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, тӕригъӕдджын дӕн ӕз“.
Куы йӕм байхъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Уӕдӕ Хуыцау муртаттӕгтӕн дӕр радта тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕныны фадат, цӕмӕй мыггагмӕйы цард райсой».
Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын барст ӕрцӕуой уӕ тӕригъӕдтӕ.
Куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд та мӕ Хуыцау сымах тыххӕй куы фегад кӕна ӕмӕ кӕуинаг куы фӕуон, тӕригъӕды чи бацыди ӕмӕ йӕ чъизи хъуыддӕгтӕ, йӕ хъахбайдзинад ӕмӕ ӕлгъаг митыл фӕсмон чи нӕ фӕкодта, бирӕ ахӕм адӕмтыл.
Ныр та райын — зӕрдӕхъыджы кӕй бафтыдыстут, ууыл нӕ, фӕлӕ уӕ уыцы хъыг фӕсмон кӕй расайдта, ууыл. Уӕдӕ уын ницы зиан ӕрхастам, уымӕн ӕмӕ уӕ хъыг Хуыцауӕн фӕндон у.
Сымах куыд зонут, афтӕмӕй Исавы фӕстӕдӕр ӕрхъуыд йӕ фыды арфӕ, фӕлӕ дзы ӕнӕхай фӕци, уымӕн ӕмӕ, кӕд кӕугӕйӕ куырдта, уӕддӕр фыды фӕнд аивын йӕ бон нал уыд.
Давидӕн йӕ сӕр бынтондӕр уынгӕджы фӕци. Сӕ цоты тыххӕй йӕм адӕм смӕсты сты ӕмӕ йӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ Давид ныфсджын уыди Дунедарӕгӕй, йӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ загъта сауджын Авиафарӕн, Ахимелехы фыртӕн: «Ӕрбахӕсс-ма мын ефод». Авиафар ӕм ӕрбахаста ефод,