2 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕгъы: «Хӕрзаудӕны афон дӕ фехъуыстон, фервӕзыны бон дын баххуыс кодтон». Ныртӕккӕ у хӕрзаудӕны афон, ныртӕккӕ у фервӕзыны бон.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Йӕ цагъарӕн: «Ӕрцӕудзӕн ахӕм фарны заман, фервӕзыны бон, ӕмӕ Дӕ Ӕз фехъусдзынӕн ӕмӕ Дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз Дӕ бахиздзынӕн фыдбылызӕй, Мӕ адӕмӕн скӕндзынӕн Мӕ фидыд. Ды сӕ ногӕй ӕрцӕрын кӕндзынӕ сӕ гӕныстоны зӕххыл, байуардзынӕ сын цӕрӕнуӕттӕ, сӕ бынтӕ.
Рарвыста мӕ, Дунедарӕгӕн Йӕ хорзӕхы аз кӕй ралӕууыд ӕмӕ Йӕ адӕмы маст фыдгултӕй кӕй райсдзӕн, уый фехъусын кӕнынмӕ. Рарвыста мӕ хъынцъымгӕнджыты зӕрдӕ фӕфидар кӕнынмӕ,
Ӕз дӕ цурты рацӕйцыдтӕн ӕмӕ федтон, дӕ афон кӕй ӕрцыди, дӕ уарзты афон, уый. Уӕд Ӕз дӕ сӕрмӕ Мӕ уӕлӕфтау айтыгътон, дӕ бӕгънӕг буар дын ӕрӕмбӕрзтон, расомы дын кодтон ӕмӕ демӕ сарӕзтон фидыд, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ Мӕн сдӕ.
Загътой йын: «Назаретаг Йесо ӕрбацӕуы».
Дунедарӕгӕн Йӕ хорзӕхы аз кӕй ралӕууыд».
Фӕлӕ цалынмӕ «абон» дзурӕн ис, уӕдмӕ ӕрвылбон ныфс дӕттут кӕрӕдзийӕн, цӕмӕй уӕ йӕ фӕдыл тӕригъӕд макӕй асайа ӕмӕ уӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уа.
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Уд: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат,
Уымӕ гӕсгӕ та Хуыцау снысан кодта ног афон — «абон». Уый тыххӕй бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ загъта Давиды уылты, уӕлдӕр кӕй ӕрхастӕуыд, уыцы ныхӕстӕ: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут».