18 Ӕз сымахӕн уыдзынӕн Фыд, сымах та уыдзыстут Мӕ фырттӕ ӕмӕ Мӕ чызджытӕ, — зӕгъы Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг».
Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп!
Йаков Йосефӕн загъта: «Кӕддӕр мӕм Ӕппӕтхъомыс Хуыцау ӕргом рацыди Лузы, Ханааны зӕххыл, ӕмӕ мын раарфӕ кодта.
Ӕз уымӕн уыдзынӕн Фыд, уый та Мын уыдзӕни фырт. Тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд ыл, адӕммӕ куыд вӕййы, афтӕ уисӕй ӕрцӕудзынӕн, фыд йӕ фырты куыд фӕнӕмы, афтӕ йӕ фӕнӕмдзынӕн.
Ӕз уымӕн уыдзынӕн Фыд, уый та Мын уыдзӕни фырт. Мӕ хорзӕх дзы фӕстӕмӕ нӕ райсдзынӕн, дӕ размӕ чи уыд, уымӕй йӕ куыд райстон, афтӕ.
Цӕгатӕн зӕгъдзынӕн: „Ӕри Мын сӕ!“ Хуссарӕн та: „Мауал Мын сӕ уром!“ Дардӕй Мын ӕрбакӕнут Мӕ фыртты, зӕххы кӕрӕттӕй — Мӕ чызджыты,
Ӕз загътон: «Мӕ фыртыл дӕ куыд банымайон? Бӕллиццаг бӕстӕ, адӕмты хуыздӕр исбон, дӕуӕн куыд раттон? Ӕз ӕнхъӕлдтон, схондзынӕ мӕ дӕ Фыд, гадзрахатӕй Мыл нӕ рацӕудзынӕ.
«Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй алкӕмӕн дӕр суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм».
Ардыгӕй цӕссыгкалгӕ цыдысты, фӕлӕ сӕ ныр Мӕхӕдӕг басабыр кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ, кӕуыл нӕ фӕкӕлдзысты, уыцы раст фӕндагыл цӕугӕдӕттӕм акӕндзынӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Израилы фыд, Мӕ фыццаг зӕнӕг Ефрем у!
Фӕлӕ Йӕ чи айста ӕмӕ Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн та радта Хуыцауы хъӕбултӕ суӕвыны бар.
Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне нӕхъӕцгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцау Йӕ хъӕбулты кӕд раргом кӕндзӕнис, уымӕ.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, рагагъоммӕ кӕй базыдта, уыдонӕн снысан кодта Йӕ Фырты хуызӕн уӕвын, цӕмӕй бирӕ ӕфсымӕрты ӕхсӕн Йесо уа фыццаг зӕнӕг.
Уырнындзинады руаджы, Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй, уе ’ппӕт дӕр Хуыцауы хъӕбултӕ стут.
Кӕй нӕ уарзы, уымӕ гӕсгӕ Уый бафӕндыд Йесо Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн хъӕбултӕ скӕнын.
«Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ [райдиан ӕмӕ кӕрон]», — зӕгъы Бардарӕг Хуыцау, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый — Ӕппӕтылхӕцӕг.
Кувӕндон дзы нӕ федтон, уымӕн ӕмӕ Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ Уӕрыкк сты йӕ Кувӕндон.
Уӕлахиздзау райсдзӕнис ӕппӕт уыдӕттӕ, Ӕз уыдзынӕн Йӕ Хуыцау, уый та уыдзӕни Мӕ хъӕбул.