Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 6:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Уымӕ гӕсгӕ рацӕут се ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ фӕхицӕн ут, — зӕгъы Бардарӕг, — сыгъдӕг цы нӕу, уымӕй уӕхи хизут, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 6:17
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый тыххӕй хатыр ракурут Дунедарӕгӕй, уӕ фыдӕлты Хуыцауӕй, ӕмӕ йын сӕххӕст кӕнут Йӕ фӕндон: ахицӕн ут дунейы иннӕ адӕмтӕй ӕмӕ уе ’ндӕрмыггаг устытӕй».


Нывонд фыдызгъӕлӕй аходыдтой уацарӕй ӕрбаздӕхӕг израилӕгтӕ ӕмӕ, бынӕттон адӕмты чъизитӕй йӕхи аиуварсгӕнгӕйӕ ӕмӕ Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, йӕхи бафӕдзӕхсгӕйӕ семӕ чи бамбал, ӕппӕт уыдон.


Уе ’нӕфенд митӕ ныууадзут ӕмӕ цӕрдзыстут, зонды фӕндагыл цӕут!»


Цӕугӕут, цӕугӕут! Рацӕут уырдыгӕй! Уӕхи хизут, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕм истӕуыл бандзӕвынӕй! Ӕцӕгӕлон адӕмы ’хсӕнӕй рацӕут ӕмӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ мигӕнӕнтӕ сымах хӕсдзыстут!


Хынджылӕг чи кӕны, уыдоны ’хсӕн нӕ бадтӕн, мӕ рӕстӕг циндзинӕдты не ’рвыстон. Ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух, ӕмӕ иунӕгӕй бадтӕн, мастӕй мӕ кӕй байдзаг кодтай, уый тыххӕй.


Лидзгӕут Вавилонӕй! Фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ, цӕмӕй сымах дӕр йӕ фыдракӕндты тыххӕй ма фесӕфат. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы мастисӕн рӕстӕг ралӕууыд, ӕмӕ Вавилонӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзӕн.


«Иуварс ацӕут ацы дзыллӕйӕ, ӕмӕ сӕ Ӕз цӕсты фӕныкъуылдмӕ бындзагъд фӕкӕнон!»


ӕмӕ загъта дзыллӕйӕн: «Дард ацӕут ацы ӕнаккӕгты цатыртӕй ӕмӕ сын сӕ дзаумайӕ дӕр мацӕмӕ бавналут, кӕннод сӕ тӕригъӕдты аххосӕй сымах дӕр бабын уыдзыстут».


«Иуварс алӕуут ацы дзыллӕйӕ, ӕмӕ сӕ ӕз цӕсты фӕныкъуылдмӕ фесафон!» Дыууӕйӕ дӕр сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой.


Петр сын дзырдта бирӕ ӕндӕр ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм сидти: «Уӕхи бахизут ацы хӕлд фӕлтӕримӕ фесӕфынӕй».


Чырысти сымахыл куыд ӕнувыд у, афтӕ ӕнувыд ут сымах дӕр кӕрӕдзиуыл Хуыцауы кадӕн.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд ӕмӕ нын Хуыцау уыдӕттӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд бавдӕлӕм ӕмӕ, буар ӕмӕ уд цӕмӕй фӕчъизи вӕййынц, уыдӕттӕй нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, аргъуыцгӕнгӕ нӕхи снывонд кӕнӕм Хуыцауӕн.


Сынӕр чи цӕгъды, уыцы саджилсӕфтӕг фосӕй дын алкӕй фыд дӕр хӕрыны бар ис.


Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл ма бафтат ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд ма баййафат.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ