14 Ӕнӕуырнджытимӕ иу уӕрдоны уӕхи ма баифтындзут. Рӕстдзинад ӕмӕ тӕригъӕдӕн, рухс ӕмӕ талынгӕн иумӕйагӕй исты ис, мыййаг?
ӕмӕ мын Дунедарӕгӕй, арв ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ард бахӕр, мӕ фыртӕн мын, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй никӕй ракурдзынӕ,
Илийа адӕмы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Уӕ дыууӕ къахӕй ма бирӕ къуылых цӕудзыстут, цас ракӕ-бакӕ кӕнут? Кӕд Дунедарӕг у уӕ Хуыцау, уӕд Уымӕн кувут, кӕд Баал, уӕд та — уымӕн!» Адӕмӕй хъыпп-сыпп ничи сфӕрӕзта.
Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.
Уыдон сӕ къухтӕ радтой, сӕ устытимӕ кӕй ахицӕн уыдзысты ӕмӕ фӕйнӕ фысы фиддоны нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзысты, уый тыххӕй;
Уый ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕны цад, хуыскъ зӕххыл сабузын кӕны суадӕттӕ.
Басгӕрстай мын мӕ зӕрдӕ, ӕхсӕвыгон мӕ бафӕлвӕрдтай ӕмӕ мӕм ницы ссардтай хӕрамӕй: мӕ хъуыдытӕ нӕ хицӕн кӕнынц мӕ ныхӕстӕй.
Сӕ чызджыты сын уӕ фырттӕн ма курут, кӕннод уын уӕ фыртты дӕр сахуыр кӕндзысты сӕ хуыцӕуттӕм кувын.
Мӕстыгӕримӕ ма лымӕн кӕн, загъдӕргомӕй дӕхи дард лас,
Рӕстгӕнджытӕн ӕнӕхуыцӕуттӕ ’лгъаг сты, ӕнӕхуыцӕуттӕн та — цӕсгомджын адӕм.
Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ: алыхуызон фосы мыггаг кӕрӕдзиимӕ ма хъазын кӕнут; дыууӕ хуызы мыггӕгтӕ ма таут уӕ хуымы; алыхуызон ӕндӕхтӕй конд дарӕс ма скӕнут уӕ уӕлӕ.
Иудӕ ракодта мӕнгард ми, ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуынц Йерусалим ӕмӕ ӕгас Израилы. Иудӕ фегад кодта, Дунедарӕг кӕй уарзта, уыцы Кувӕндон, ӕцӕгӕлон хуыцаумӕ чи куывта, ахӕм чызджы ӕрхаста.
Хуыцау уӕ уд ӕмӕ буарӕй дӕр не сиу кодта? Ӕмӕ иу чи сси, уымӕн йӕ нысан цӕй мидӕг уыди? Хуыцау кӕй ралӕвар кодта, уыцы цоты агурын. Уӕдӕ хъахъхъӕнут уӕ удтӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр, йе ’взонджы бонты цы бинойнаджы ӕрхаста, ууыл гадзрахатӕй ма рацӕуӕд.
Сымахӕй йе сӕфт уынын дунейӕн йӕ бон нӕу, Мӕнӕй та йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн ӕвдисӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕй сты, уымӕн.
Петр ӕмӕ Иоанны куы рауагътой, уӕд уыдон ӕрцыдысты сӕхионтӕм ӕмӕ радзырдтой, алчертӕ ӕмӕ сын адӕмы хистӕртӕ цы загътой, уый.
Бардарӕджы кӕхцӕй дӕр нуазат ӕмӕ дӕлимонты кӕхцӕй дӕр, уый уын не ’мбӕлы. Бардарӕджы фынгыл дӕр бадат ӕмӕ дӕлимонты фынгыл дӕр, уый уын не ’мбӕлы.
Ма фӕсайды ут: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз миниуджытӕ сафӕг сты».
Ӕз уӕм мӕ фыстӕджы фыстон, хӕтаг чи у, уыдонмӕ ӕмгӕрон цӕуын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй.
Сымахмӕ та ӕфсымӕр ӕфсымӕрыл хъаст кӕны, уыимӕ йӕ хъаст ӕнӕуырнджыты размӕ хӕссы.
Усӕн цалынмӕ йӕ лӕг удӕгас у, уӕдмӕ йемӕ баст у. Йӕ лӕг куы амӕла, уӕд, кӕмӕ фӕцӕуа, уый йӕхи бар у, фӕлӕ — Бардарӕгыл чи ӕууӕнды, ӕрмӕстдӕр ахӕммӕ.
цӕмӕй уат Хуыцауы ӕнаипп, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау хъӕбултӕ ацы ӕнӕуаг ӕмӕ хӕлд адӕмы ’хсӕн. Арвыл цы стъалытӕ ферттивы, сымах ахӕм стъалытау стут се ’хсӕн,
Хуыцауы ныууадзӕг адӕм! Дунеимӕ хӕларӕй цӕрын Хуыцауӕн знаггад кӕнын кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ дунеимӕ хӕларӕй цӕрын чи равзара, уый Хуыцауӕн свӕййы знаг.