9 Уӕдӕ, буары уӕм ӕви нӕ, не стырдӕр фӕндиаг у Бардарӕджы уарзонӕй цӕрын.
Кӕд раст кӕныс, уӕд дӕ сӕрыл уӕлӕмӕ цӕуылнӕ схӕцыс? Кӕд нӕ, уӕд та дӕм тӕригъӕд дӕ къӕсӕрыл ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ ды уӕлӕмӕ скӕсын ма бауадз».
уыдоны Ӕз се ’ппӕты дӕр фӕхондзынӕн Мӕ уаз хохмӕ. Мӕ кувӕн хӕдзары сын балӕвар кӕндзынӕн цин ӕмӕ Мын барст уыдзысты, Мӕ нывондхӕссӕныл Мын цы иууылсудзинӕгтӕ ӕрхӕссой ӕмӕ Мын цы кусӕрттӕ акӕной, уыдон. Ӕмӕ Мын уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмтӕ Мӕ Хӕдзар хондзысты ӕппӕт адӕмты кувӕн хӕдзар».
Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».
Фӕлӕ Дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй куы уа, уӕддӕр Йӕ зӕрдӕйӕн адджын у.
Йӕ ахӕм цардӕй Чырыстийӕн чи лӕггад кӕны, уый ӕлхӕны Хуыцауы зӕрдӕ, ӕмӕ дзы адӕм дӕр сты райгонд.
Кӕд цӕрӕм, уӕд Бардарӕгӕн цӕрӕм, кӕд мӕлӕм, уӕд Бардарӕгӕн мӕлӕм. Уӕдӕ цӕргӕ ӕви мӕлгӕ кӕнӕм — кӕддӕриддӕр Бардарӕджы стӕм.
Ӕз архайдтон, Чырыстийы кӕм нӕ зыдтой, Фарны Уац уым хъусын кӕныныл, цӕмӕй кӕйдӕр арӕзт бындурыл ма амайон,
Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Бардарӕгӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Бардарӕгӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.
Мах кӕддӕриддӕр ныфсджын уымӕн стӕм, ӕмӕ зонӕм: цалынмӕ нӕ буары стӕм, уӕдмӕ — ӕцӕгӕлон ран, Бардарӕгӕй дард,
Стӕм ныфсджын ӕмӕ хуыздӕрыл нымайӕм буарӕй рахизын ӕмӕ нӕхи хӕдзары, Бардарӕгмӕ, ӕрцӕрын.
Уымӕ гӕсгӕ Йе стыр хорзӕх у кады аккаг — Йӕ уарзон Фырты руаджы нын цы лӕвар ракодта, уый тыххӕй.
Мах кувӕм, цӕмӕй уӕ цардӕй кад кӕнат Бардарӕгӕн ӕмӕ алцы дӕр, Уымӕн ӕхцон куыд уа, афтӕ кӕныныл архайат, уӕ алы хорз хъуыддаг дӕр пайда куыд хӕсса ӕмӕ Хуыцауы фылдӕрӕй-фылдӕр куыд зонат,
Чырыстийы хъомысджын тыхӕй ӕз уый сӕраппонд кусыныл мӕхи хъарын.
Ныр та уӕм, ӕфсымӕртӕ, хатӕм ӕмӕ уын лӕгъстӕ кӕнӕм Йесо Чырыстийы номӕй: цӕрын куыд ӕмбӕлы, цӕмӕй уӕ цард Хуыцауы фӕндиаг уа, ууыл махмӕ гӕсгӕ ныр кӕд сахуыр стут, уӕддӕр ноджы архайут.
Зӕрдиагӕй тырнут ӕнӕзӕрдӕхудт цардӕй цӕрынмӕ; алчидӕр аразӕд йӕ хъуыддаг ӕмӕ архайӕд йӕхи хъаруйӕ, мах уын куыд фӕдзӕхстам, афтӕ.
Уыцы царды сӕраппонд у нӕ фӕллой ӕмӕ нӕ тох, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цардӕгас Хуыцауыл дарӕм; Хуыцау та ӕппӕт адӕмӕн, уӕлдайдӕр уырнджытӕн, сӕ Ирвӕзынгӕнӕг у.
Уӕдӕ, ӕнӕфӕцудгӕ Паддзахадмӕ цӕугӕйӕ, хъуамӕ уӕм бузныг, ӕмӕ Йын ӕхцон куыд уа, афтӕ хъуамӕ кусӕм Хуыцауӕн, аргъ Ын кӕнгӕйӕ ӕмӕ Дзы тӕрсгӕйӕ.
Уӕдӕ бацархайӕм уыцы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй мачи бафӕзма хивӕндты ӕмӕ сӕ уыдоны хъысмӕт ма баййафа.
Уӕдӕ афтӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, бацархайут, Йӕ разы сыгъдӕгӕй, ӕнаиппӕй ӕмӕ Йемӕ фидыдӕй ӕрлӕууыныл.