21 Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.
Кӕдмӕ уыдзӕн афтӕ, стӕй, ӕрымысгӕ ныхӕстӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдон ахӕм зондыл хӕст кӕдмӕ уыдзысты?
Уыцы заман Иудей фервӕздзӕн, Йерусалим ӕдасӕй цӕрдзӕн, схондзысты йӕ: „Дунедарӕг — нӕ рӕстад“.
Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа.
Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.
«О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн.
Ӕмӕ сарӕзта Моисей ӕрхуы калм ӕмӕ йӕ хъилыл бакодта, ӕмӕ-иу калмдзӕф адӕймаг ӕрхуы калммӕ куы бакасти, уӕд-иу удӕгасӕй баззад.
гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн;
цӕу — тӕригъӕды нывондӕн;
Зӕд ын дзуапп радта: «Сыгъдӕг Уд дыл Йӕхи ӕруадздзӕн, Дунедарӕджы тых дӕ бакӕндзӕни йӕ дӕлбазыр. Афтӕмӕй дӕ цы Хъӕбул райгуыра, Уый уыдзӕни сыгъдӕг, ӕмӕ Йӕ схондзысты Хуыцауы Фырт.
Сыгъдӕгыл ӕмӕ Рӕстгӕнӕгыл уӕхи атигъ кодтат ӕмӕ бахатыдыстут, цӕмӕй уын суӕгъд кӕной лӕгмары,
Фарны Уац куыд ӕргом кӕны, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы раст кӕны, куы Йыл баууӕнды, ӕрмӕстдӕр уӕд. Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни».
Йесо нӕ тӕригъӕдты тыххӕй лӕвӕрд ӕрцыди мӕлӕтмӕ ӕмӕ райгас ис, цӕмӕй Хуыцауы раз мах сраст уӕм.
Иу адӕймаджы ӕгоммӕгӕс бирӕтӕй тӕригъӕдджын куыд скодта, афтӕ иу Адӕймаджы коммӕгӕсдзинад бирӕты скӕндзӕни рӕстгӕнджытӕ.
Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,
Уӕдӕ Чырыстиимӕ чи ис, уый ног адӕймаг у — йӕ зӕронд цардӕн ӕрцыд кӕрон, райдыдта йӕ ног цард.
Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй — нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл ауыгъд чидӕриддӕр ӕрцыди, уый ӕлгъыст у».
Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.
ӕмӕ баиу уон Йемӕ. Ӕз нал тырнын, Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы мӕм цы рӕстад уыди, уый равдисынмӕ, фӕлӕ тырнын, Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы Хуыцау уырнджытӕн кӕй дӕтты, уыцы рӕстадмӕ.
Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уымӕн дӕр махау ӕвзӕрст сты ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, тӕригъӕд йеддӕмӕ.
Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.
Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыцы хъизӕмар бавзӕрста — Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ Йӕ Уд райгас кодта.
Йесо тӕригъӕдтӕ ахӕссыны тыххӕй кӕй фӕзынд, уый сымах зонут. Йӕхӕдӕг та тӕригъӕдджын ницӕмӕй у.