2 Ныр та уал хъӕрзӕм — бӕллӕм нӕ уӕларвон буары ӕрцӕрынмӕ.
Фыд ӕмӕ цармӕй, стӕг ӕмӕ нуарӕй сифтонг дӕн.
Цы мӕгуыр у адӕймаг! Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, йӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды аххосӕй мӕлӕты фос цы буар у, уымӕй?
Стӕй ӕрмӕст дуне нӕ, фӕлӕ мах дӕр — Сыгъдӕг Удӕн Йӕ фыццаг дыргътӕй чи схайджын ис, уыдон, нӕхӕдӕг дӕр хъӕрзӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ Йӕ хъӕбултау кӕд айсдзӕн ӕмӕ нӕ буар мӕлӕтӕй кӕд фервӕздзӕнис, уымӕ.
Зӕгъын уын сусӕгдзинад: мах не ’ппӕт дӕр нӕ амӕлдзыстӕм, фӕлӕ не ’ппӕт дӕр фендӕрхуызон уыдзыстӕм.
Сӕ иумӕ дӕр ӕхсайы мӕ зӕрдӕ ӕмӕ иннӕмӕ дӕр: фӕнды мӕ ацы дунейӕ ацӕуын ӕмӕ Чырыстиимӕ цӕрын — уый бирӕ хуыздӕр у.