18 Ӕппӕт уыдӕттӕ сты, Чырыстийы фӕрцы нӕ Йемӕ Чи бафидауын кодта ӕмӕ нын адӕмы Йемӕ бафидауын кӕныны куыст Чи бафӕдзӕхста, уыцы Хуыцауӕй.
Куыд рӕсугъд, куыд аив сты йӕ къахдзӕфтӕ, хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац, цины уац ӕмӕ сӕрибары уац чи хӕссы, уымӕн! Сионӕн зӕгъы: «Дӕ Хуыцау дӕ Паддзах у!»
Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕ дзыхы ныхасӕй дӕр стаудзысты. Ратдзынӕн сын амонд ӕмӕ фарн — дард чи у, уыдонӕн дӕр, ӕмӕ, хӕстӕг чи у, уыдонӕн дӕр. Се ’ппӕты дӕр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн», — афтӕ зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.
Израилы лыстӕг фосы дзугтӕй дыууӕсӕдӕ фысӕй — иу фыс. Ӕппӕт уыдон хъӕуынц хойраджы хуынӕн, иууылсудзинагӕн ӕмӕ фидыды нывондӕн, адӕмы ссыгъдӕг кӕныны охыл, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —
Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа.
Фӕлӕ тӕригъӕды нывонды фыд, йӕ туг Фембӕлды Цатырмӕ кӕмӕн ӕрбахӕссынц — тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау Уаз Цӕрӕны сӕххӕст кӕнынӕн, — уый та хӕрӕн нӕй, басудзын ӕй хъӕуы.
Цы хӕдзармӕ бацӕуат, уым уал-иу фыццаг зӕгъут: „Фарн ацы хӕдзары!“
Ӕмӕ, Йерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм фӕсидын хъӕуы Йӕ номӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын барст ӕрцӕуой.
Хуыцау афтӕ бауарзта дуне, ӕмӕ радта Йӕ Иунӕг Фырты, цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдон ма фесӕфой, фӕлӕ сын уа мыггагмӕйы цард.
Иоанн сын дзуапп радта: «Адӕймагӕн йӕ бон аразын ницы у, уӕларвӕй йын лӕвӕрд куынӕ уа, уӕд.
Хуыцау израилаг адӕмӕн рарвыста Йӕ ныхас — Йесо Чырыстийы руаджы адӕмимӕ кӕй фидауы, уыцы Фарны Уац. Чырысти та у ӕппӕт адӕмы Бардарӕг.
Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Хуыцау сфӕлдыста, ӕппӕт дӕр цӕры Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн. Кад Ын уӕд мыггагмӕ! Аммен.
Мах сраст стӕм уырнындзинады руаджы, ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти бафидауын кодта Хуыцауимӕ.
Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,
Уымӕн ӕмӕ, кӕд сылгоймаг нӕлгоймагӕй равзӕрди, уӕддӕр нӕлгоймаг сылгоймагӕй райгуыры. О, фӕлӕ ӕппӕт дӕр сфӕлдыста Хуыцау.
Куыстытӕ алыхуызон сты, фӕлӕ не ’ппӕты фӕрцы ӕппӕт дӕр уыцы иу Хуыцау аразы.
Чи у Аполлос? Чи у Павел? Уыдон сты, сымах кӕй фӕрцы баууӕндыдыстут, ӕрмӕстдӕр уыцы кусджытӕ; ӕмӕ сӕ алчидӕр сарӕзта, Бардарӕг ын йӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодта, уый.
уӕддӕр махӕн ис, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста ӕмӕ мах Кӕмӕн цӕрӕм, уыцы иунӕг Фыд Хуыцау ӕмӕ, ӕппӕт дӕр Кӕй руаджы сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ цардӕй Кӕй фӕрцы схайджын стӕм, уыцы иунӕг Бардарӕг Йесо Чырысти.
Ныр та уӕ бафидауын кодта Йемӕ, Чырысти адӕймаджы буары кӕй амард, уый фӕрцы, цӕмӕй Хуыцауы раз уат сыгъдӕг, ӕнаипп ӕмӕ ӕнӕфау.
Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.
Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, стӕй алы ӕххӕст лӕвар дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ ӕппындӕр Чи нӕ ивы, Уымӕй — рухсы Фыдӕй.
Уый у Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр.
Уарзондзинад уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах бауарзтам Хуыцауы. Хуыцау нӕ Йӕхӕдӕг бауарзта ӕмӕ Йӕ Фырты нӕ тӕригъӕдты тыххӕй рарвыста фидауынгӕнӕг нывондӕн.