15 Чырысти амарди ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау, цӕмӕй удӕгӕстӕ сӕхицӕн ма цӕрой, фӕлӕ цӕрой, уыдоны сӕрвӕлтау Чи амард ӕмӕ райгас ис, Уымӕн.
Уӕд Нееман загъта: «Уӕдӕ мын кӕд мӕ лӕвӕрттӕ нӕ исыс, уӕд мын, дӕ цагъарӕн, дыууӕ хӕргӕфсы цы афӕразой, уый бӕрц уӕ сыджытӕй раттут, уымӕн ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕг йеддӕмӕ ницыуал хуыцауӕн ӕрхӕсдзынӕн ӕз иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ.
Ӕз рацӕйцыдтӕн дӕ цурты ӕмӕ дӕ туджы мӕцгӕ куы федтон, уӕд дын загътон: „Кӕд дӕ туджы мӕцыс, уӕддӕр цӕр!“ О, афтӕ дын загътон: „Кӕд дӕ туджы мӕцыс, уӕддӕр цӕр!“
Мӕ комулӕфт уын бауадздзынӕн уӕ мидӕг, ӕмӕ райгас уыдзыстут. Ӕз уӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕн уӕ зӕххыл, ӕмӕ уӕд базондзыстут, афтӕ Ӕз, Дунедарӕг, кӕй загътон ӕмӕ Мӕ ныхас кӕй сӕххӕст кодтон, уый», — зӕгъы Дунедарӕг.
Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Царды комулӕфты тыххӕй рагуац фехъусын кӕн, пехуымпариуӕг кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: царды комулӕфт, цыппар дымгӕйӕ фӕзын ӕмӕ ацы мӕрдтыл раулӕф, цӕмӕй райгас уой“».
Ӕнӕхуыцауы зӕрдӕ къӕйныхдзинадӕй — йемыдзаг, рӕстгӕнӕг та йӕ уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни.
Кӕд сӕ Ӕз адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, — уыдон Мӕ ӕрымысдзысты дард бӕстӕты, сӕ цотимӕ фервӕздзысты уым ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхдзысты.
не знӕгты къухӕй нӕ кӕй байсдзӕни, уый тыххӕй,
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ныхас Мын чи хъусы ӕмӕ, Мӕн Чи рарвыста, Ууыл чи ӕууӕнды, уымӕн ис мыггагмӕйы цард ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзӕни — ныридӕгӕн мӕлӕтӕй бахызти цардмӕ.
Мӕн Мӕ цардӕгас Фыд куыд рарвыста ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыды фӕрцы куыд цӕрын, афтӕ, Ӕз хойраг кӕмӕн дӕн, уый дӕр цӕрдзӕни Мӕ фӕрцы.
Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн.
Йесо нӕ тӕригъӕдты тыххӕй лӕвӕрд ӕрцыди мӕлӕтмӕ ӕмӕ райгас ис, цӕмӕй Хуыцауы раз мах сраст уӕм.
Мах амардыстӕм тӕригъӕдӕн, уӕд ма тӕригъӕдимӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм?
Мах зонӕм, раздӕр цы уыдыстӕм, уыцы адӕймаг Йемӕ дзуарылтыгъд ӕрцыди, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн йӕ тых басӕтта ӕмӕ тӕригъӕды цагъайрадӕй фервӕзӕм.
Фӕлӕ кӕд Чырысти уӕ зӕрдӕйы ис, уӕд уын мон дӕтты цард, Хуыцауимӕ фидыд кӕй стут, уый фӕрцы, кӕд уӕ буар тӕригъӕды аххосӕй мӕлӕтӕн лӕвӕрд у, уӕддӕр.
Сыгъдӕг Уды царддӕттӕг ӕгъдау Йесо Чырыстийы руаджы дӕу ссӕрибар кодта тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты ӕгъдауӕй.
Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнын мӕлӕт у; Уды цы фӕнды, уымӕ тырнын та — цард ӕмӕ фарн.
Ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕй зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын, афтӕ. Мӕхи пайдайыл нӕ архайын, фӕлӕ бирӕты пайдайыл, цӕмӕй фервӕзой.
Уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы сӕраппонд ӕз райгонд дӕн мӕ лӕмӕгъдзинадӕй, ме ’фхӕрдӕй, мӕ хъуӕгтӕй, мӕ фӕдыл кӕй зилынц, уымӕй, мӕ тыхст уавӕртӕй. Уымӕн ӕмӕ тыхджын вӕййын лӕмӕгъӕй.
Хуыцау махӕн радта Йӕ Ног Фидыды кусджыты арӕхстдзинад. Уыцы ног фидыдмӕ гӕсгӕ Хуыцау ныр фыст ӕгъдау нал дӕтты, фӕлӕ хай кӕны Йӕ Удӕй. Уымӕн ӕмӕ фыст ӕгъдау маргӕ кӕны, Уд та цард дӕтты.
Уымӕ гӕсгӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй никӕмӕуал кӕсӕм. Кӕддӕр ахӕм цӕстӕй кастыстӕм Чырыстимӕ, ныр та Йӕм нал кӕсӕм.
Кӕд Уд махӕн царддӕттӕг у, уӕд Уымӕн коммӕгӕсӕй хъуамӕ цӕрӕм.
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын ӕмӕ Бардарӕджы номӕй фӕдзӕхсын, цӕмӕй мауал цӕрат, муртаттӕгтӕ сӕ рӕузонды аххосӕй куыд цӕрынц, афтӕ.
Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуыд: «Райхъал у дӕ фынӕйӕ, рабад мӕрдтӕй, ӕмӕ дӕ Чырысти ныррухс кӕндзӕн».
Аргъуыд исгӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕрцыдыстут ныгӕд ӕмӕ, Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Хуыцауы тыхыл ӕууӕндгӕйӕ, райгас стут Йемӕ.
Уӕдӕ афтӕ: кӕд сымах Чырыстиимӕ райгас стут, уӕд тырнут уӕлӕрвтӕм, Чырысти Хуыцауы рахизфарс кӕм бады, уырдӕм.
Ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй цыдӕриддӕр аразут, уый уын уӕд Бардарӕг Йесойы номыл ӕмӕ Йӕ фӕрцы арфӕ кӕнут Фыд Хуыцауӕн.
Цыдӕриддӕр кӕнут, уый кӕнут ӕнувыдӕй, адӕмӕн кусӕгау нӕ, фӕлӕ Бардарӕгӕн цыма лӕггад кӕнут, афтӕ.
Йесо амарди мах тыххӕй, цӕмӕй мах, удӕгас уӕм ӕви мард, цӕрӕм Йемӕ.
Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.
Уый тыххӕй ӕрцыд Фарны Уац мӕрдтӕн дӕр хъуыстгонд. Цӕмӕй, кӕд ӕмӕ, адӕймаг уӕвгӕйӕ, уыдонӕн тӕрхонӕй аирвӕзӕн нӕй, уӕддӕр уды ӕгъдауӕй цӕрой Хуыцауимӕ.
Хуыцау мах кӕй уарзы, уый нын уымӕй раргом, ӕмӕ Йӕ иунӕг Фырты рарвыста дунемӕ, махӕн Йӕ фӕрцы цард куыд уа, афтӕ.
дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, фӕлӕ мӕнӕ цардӕгас дӕн мыггагӕй-мыггагмӕ! Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ.