Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 4:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уымӕн ӕмӕ мах, удӕгӕстӕ, Йесойы сӕраппонд иудадзыг кӕсӕм мӕлӕты дзыхмӕ, цӕмӕй нӕ мӕлинаг буары йӕхи равдиса Йесойы цард дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 4:11
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕ ахӕсты бынатӕй мӕ ракӕн, ӕмӕ ӕз стаудзынӕн Дӕ ном. Рӕстгӕнджытӕ мӕ алыварс ӕрлӕудзысты, Дӕ хорзӕхӕй мӕ куы схайджын кӕнай, уӕд.


Йесойы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый Уд кӕд уӕ зӕрдӕйы цӕры, уӕд, Чырыстийы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый уӕ буар дӕр — мӕлӕтӕн лӕвӕрд — райгас кӕндзӕни, уӕ зӕрдӕйы Чи цӕры, Йӕ уыцы Уды руаджы.


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Дӕу кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕм ӕрвылбон мӕлӕт ӕртхъирӕн кӕны; нымайынц нӕ ӕргӕвдинаг фыстыл».


Ӕфсымӕртӕ, ӕз алы бон дӕр мӕлгӕ кӕнын: нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы сымахӕн цы сарӕзтон, ӕз уымӕй буц дӕн, ӕмӕ мын уый дӕтты афтӕ зӕгъыны бар.


Ӕмӕ мах, сыджытӕй конд адӕймаджы хуызӕн куыд уыдыстӕм, афтӕ уыдзыстӕм Уӕларвоны хуызӕн дӕр.


Мах нӕ буары кӕддӕриддӕр хӕссӕм Йесойы мӕлӕт, цӕмӕй нӕ буары разына Йесойы цард дӕр.


Мӕлӕт нӕ цух нӕ уадзы, цӕмӕй сымах цӕрат.


Мах цалынмӕ ацы халагъуды цӕрӕм, уӕдмӕ хъӕрзӕм. Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕ зӕххон агъудӕй рахизын фӕнды мах; мах бӕллӕм уӕларвон агъуды бацӕуынмӕ, мӕлинаг агъуд цард куыд аныхъуыра, афтӕ.


ӕнӕхъуыстгонд нӕ хонынц, фӕлӕ нӕ бирӕтӕ зонынц; нымайынц нӕ мардыл, фӕлӕ удӕгас стӕм; мардӕфхӕрд нӕ кӕнынц, фӕлӕ нӕ мӕлӕм.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ