1 Ахӕм куыст нын Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы лӕвӕрд у, ӕмӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты.
Ӕрыгон лӕппутӕ дӕр бастайынц, сӕдых вӕййынц, сӕ къӕхтыл нал фӕлӕууынц.
Фӕлӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн ӕфтдзӕни сӕ хъаруйыл ӕмӕ цӕргӕсау айтынг кӕндзысты сӕ базыртӕ. Згъордзысты ӕмӕ фӕллад нӕ зондзысты, уайдзысты ӕмӕ нӕ бастайдзысты.
„Ды хъарӕг кӕныс дӕхиуыл, Дунедарӕг мын мӕ хъизӕмӕрттыл маст бафтыдта, мӕ хъӕрзынӕй бафӕлладтӕн ӕмӕ мӕхицӕн ӕнцой нал арын, зӕгъгӕ“. Фӕлӕ йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Мӕхӕдӕг цыдӕриддӕр сарӕзтон, уыдон иууылдӕр ныппырх кӕндзынӕн мгас бӕстӕйы, цыдӕриддӕр ныссагътон, уыдон срӕдувдзынӕн.
Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста:
Чи у Аполлос? Чи у Павел? Уыдон сты, сымах кӕй фӕрцы баууӕндыдыстут, ӕрмӕстдӕр уыцы кусджытӕ; ӕмӕ сӕ алчидӕр сарӕзта, Бардарӕг ын йӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодта, уый.
Ӕнӕцыд чызджыты ӕмӕ ӕнӕус лӕппуты тыххӕй мын Бардарӕг ницы бафӕдзӕхста, фӕлӕ Бардарӕджы хорзӕхӕй хайджын чи у ӕмӕ ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм адӕймагау уын уынаффӕ кӕнын.
Махмӕ ис ахӕм ныфс ӕмӕ архайӕм ӕргом, ӕдӕрсгӕ;
Хуыцау махӕн радта Йӕ Ног Фидыды кусджыты арӕхстдзинад. Уыцы ног фидыдмӕ гӕсгӕ Хуыцау ныр фыст ӕгъдау нал дӕтты, фӕлӕ хай кӕны Йӕ Удӕй. Уымӕн ӕмӕ фыст ӕгъдау маргӕ кӕны, Уд та цард дӕтты.
Уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты. Ӕмӕ кӕд не ’ддаг агъуд хӕррӕгъ кӕны, уӕд мидӕгӕй та бонӕй-бонмӕ ногдӕр кӕнӕм.
Ӕппӕт уыдӕттӕ сты, Чырыстийы фӕрцы нӕ Йемӕ Чи бафидауын кодта ӕмӕ нын адӕмы Йемӕ бафидауын кӕныны куыст Чи бафӕдзӕхста, уыцы Хуыцауӕй.
Уӕдӕ ӕвӕллайгӕйӕ аразӕм хорз хъуыддӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ, кӕд нӕ хъару нӕ асӕтта, уӕд йӕ заманы ӕркӕрддзыстӕм, цы байтауӕм, уый.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын: уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, мӕ уыцы тухӕнтӕ уын уӕ ныфс ма асӕттӕнт — уыдон уыдзысты уӕ кадӕн.
Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ.
Сымах та, ӕфсымӕртӕ, ӕвӕллайгӕйӕ аразут хорз хъуыддӕгтӕ.
кӕд ӕз раздӕр фауӕг, сурӕг ӕмӕ ӕфхӕрӕг уыдтӕн, уӕддӕр. Фӕлӕ мын Хуыцау ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ, цы ми кӕнын, уый не ’мбӕрстон — талынг ӕмӕ ӕнӕуырнӕг уыдтӕн.
Ахъуыды кӕнут тӕригъӕдджынтӕй ахӕм ӕфхӕрд Бавзарӕгыл, цӕмӕй ма сӕдых ӕмӕ ма слӕмӕгъ уат удӕй.
«Кӕддӕр адӕм нӕ уыдыстут, ныр та — Хуыцауы адӕм. Кӕддӕр Ын Йӕ хорзӕх нӕ зыдтат, ныр та дзы хайджын стут».
Ды фӕразон дӕ, бирӕ бавзӕрстай Мӕ номы сӕраппонд, ӕмӕ нӕ бафӕлладтӕ.