5 Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕхӕдӕг истӕмӕн бӕззӕм. Мах афтӕ нӕ нымайӕм, ӕмӕ нӕм нӕхи цавӕрдӕр курдиат ис. Нӕ! Цы нӕм ис, уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.
Йосеф дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз нӕ — Хуыцау ратдзӕни фараонӕн фарны дзуапп».
Дунедарӕг Иудейы цӕрджытыл Йӕ арм дардта, иу зондахаст сын радта, ӕмӕ сӕххӕст кодтой, паддзах ӕмӕ сын йӕ барджынтӕ Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цы бардзырд радтой, уый.
Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз ахӕм ӕвзаг ӕмӕ куырыхон зонд ратдзынӕн, уе знӕгтӕ ӕмбырдӕй уӕ ныхмӕ фӕлӕууын дӕр ӕмӕ уӕм сдзурын дӕр куыд нӕ бафӕразой.
Ӕз уын рарвитдзынӕн, Мӕ Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ уал ацы сахары баззайут, цалынмӕ уӕларвон тыхӕй не схайджын уат, уӕдмӕ».
Ӕз дӕн сӕнӕфсиры Тала, сымах та — къалиутӕ; Мемӕ чи ис ӕмӕ Ӕз кӕимӕ дӕн, уый ӕрхӕссы бирӕ пайда. Уымӕн ӕмӕ ӕнӕ Мӕн уӕ бон ницы аразын у.
Цӕмӕй муртаттӕгтӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын райдайой, уый тыххӕй Чырысти мӕ фӕрцы цы сарӕзта, уымӕй уӕлдай мӕ ныфс ницӕй тыххӕй зӕгъынмӕ хӕссын. Чырысти уыдӕттӕ сӕххӕст кодта ныхас ӕмӕ хъуыддагӕй,
Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.
Хуыцау мын цы хорзӕх ракодта, уый фӕрцы зондджын аразӕгау ӕз сӕвӕрдтон бындур, иннӕ та уыцы бындурыл амайы. Фӕлӕ алчидӕр хъуамӕ лӕмбынӕг кӕса, куыд аразы, уымӕ.
Ӕз байтыдтон, Аполлос ӕй бафсӕста донӕй, фӕлӕ хор Хуыцау радта.
фӕлӕ мын загъта: «Ӕгъгъӕд дын у Мӕ хорзӕх, уымӕн ӕмӕ Мӕ тых йӕ тыхы бацӕуы, адӕймаг лӕмӕгъ куы вӕййы, уӕд». Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕрдиагдӕрӕй ӕппӕлдзынӕн, ӕдых кӕй дӕн, уымӕй, иудадзыг Чырыстийы хъаруйӕ хайджын куыд уон, афтӕ.
Иутӕн уый у мӕлӕты тӕф мӕлынӕн, иннӕтӕн та — царды хӕрздӕф цӕрынӕн. Адӕмӕй исчи разындзӕн, мыййаг, ахӕм куысты аккаг?
Фӕлӕ уыцы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй конд мигӕнӕнты — нӕ буӕртты, цӕмӕй бӕлвырд уа: ахӕм ӕгӕрон тых нӕхицӕй нӕу, Хуыцау ӕй дӕтты.
уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг кусы уӕ зӕрдӕты — фӕндон Ын чи у, уӕ уыцы бӕллицтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ Уымӕй рацӕуынц.
Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ.
Ӕмӕ, бирӕ ӕвдисӕнты раз мӕнӕй цы фехъуыстай, уый ды та фӕхӕццӕ кӕн, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл ис, иннӕты дӕр сахуыр кӕнынмӕ чи сарӕхсдзӕн, ахӕмтӕм.
Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, стӕй алы ӕххӕст лӕвар дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ ӕппындӕр Чи нӕ ивы, Уымӕй — рухсы Фыдӕй.