14 Нырма дӕр сӕ зонд куырм у. Рагон Фӕдзӕхст куы фӕкӕсынц, уӕд ыл уыцы ӕмбӕрзӕн тыгъд у, уымӕн ӕмӕ йӕ Чырысти хъуамӕ сиса.
Дунедарӕг уыцы хохыл, ӕппӕт адӕмты цы ’мбӕрзӕн ӕрбатыхта, цы фӕлм сӕ ӕхгӕны, уый фесафдзӕн;
Ахӕмтӕ ӕппындӕр ницы зонынц ӕмӕ ӕмбарынц: Уый сын сӕхгӕдта сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй ма уыной, сӕ зӕрдӕтӕ — цӕмӕй ма хатой.
Мӕ адӕмы раздзӕуджытӕ иууылдӕр куырм сты, ницы ’мбарынц. Иууылдӕр сты гоби куыйтау — сӕ бон срӕйын дӕр нӕу. Хуыссын бирӕ уарзынц ӕмӕ сӕхи ауагътой, фынӕйӕ сӕнттӕ цӕгъдынц.
Куырмытау быруйы ӕнцӕйтты цӕуӕм. Рухс бонрӕфты фӕцӕйкӕлӕм, талынджы цӕуӕгау. Нӕ цардӕн йӕ тӕккӕ тӕмӕны мардау стӕм.
Уыцы адӕмӕн сӕ зонд баталынг кӕн, бакъуырма, бакуырм сӕ кӕн, цӕмӕй цӕстӕй мауал уыной, хъусӕй ма фехъусой ӕмӕ зондӕй ма бамбарой, цӕмӕй сӕ галиу фӕндаг ма ныууадзой ӕмӕ ма сдзӕбӕх уой».
Байхъусут, ӕдылы ӕмӕ ӕнӕзонд адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ уынгӕ чи нӕ кӕны, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ къуырма чи у!
«Адӕймаджы фырт! Ды цӕрыс хиваст адӕмы ’хсӕн. Ис сын цӕстытӕ уынынӕн, фӕлӕ нӕ уынынц, ис сын хъустӕ дӕр хъусынӕн, фӕлӕ нӕ хъусынц — хивӕнд адӕм сты.
Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ сымахӕн Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, уыдонӕн та нӕу лӕвӕрд.
Уӕд ын Йесо загъта: «Тӕхудиаг дӕ, Ионӕйы фырт Симон, уымӕн ӕмӕ дын уый адӕймаг нӕ раргом кодта, фӕлӕ Мӕ Уӕларвон Фыд.
Фӕлӕ дӕ цӕст хӕрамӕй талынг куы уа, уӕд дӕ буар иууылдӕр талынг уыдзӕн. Уӕдӕ дӕ мидӕг цы рухс ис, уый талынг кӕд у, уӕд ма талынг та цавӕр у, цымӕ!
«Уый сын бакуырм кодта сӕ цӕстытӕ, сӕхгӕдта сын сӕ зӕрдӕтӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон».
Ӕз дӕн рухс ӕмӕ ӕрцыдтӕн дунемӕ, чидӕриддӕр Мыл ӕууӕнды, уыдон талынджы куыннӕуал уой, афтӕ.
Йесо дарддӕр адӕмӕн дзырдта: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕудзӕни, фӕлӕ схайджын уыдзӕн царды рухсӕй».
Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй бакӕсыны фӕстӕ сӕм синагогӕйы хицӕуттӕ арвыстой афтӕ зӕгъынмӕ: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕм адӕмӕн зондамонӕн ныхас ис, уӕд ӕй зӕгъут».
Моисейы Ӕгъдау рагӕй-ӕрӕгмӕ алы сахары дӕр куы амонынц ӕмӕ йӕ синагогӕты алы сабат дӕр куы кӕсынц».
Ӕмӕ Фиатирӕйы сахарӕй иу сылгоймаг, Хуыцауӕн аргъуыц чи кодта, ахӕм, йӕ ном — Лидиа, сӕнт сырх хъуымац уӕйгӕнӕг, хъуыста ныхасмӕ. Бардарӕг ын байгом кодта йӕ зӕрдӕ, ӕмӕ йӕм Павелы ныхӕстӕ тынг бахъардтой.
цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ талынгӕй рацӕуой рухсмӕ, сайтаны къухтӕй — Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ сӕ хай райсой“.
Фӕнды мӕ, ӕфсымӕртӕ, сымахӕн ацы сусӕгдзинад раргом кӕнын, цӕмӕй уӕхицӕй ма ныббуц уат: Израилы иу хай нӕ басӕтдзӕн, цалынмӕ муртаттӕгтӕй, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц Хуыцаумӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ.
Абон дӕр ма, Моисейы Ӕгъдау кӕсгӕйӕ, ӕмбӕрзӕн тыгъд у сӕ зӕрдӕтыл.
Хуыцау махӕн радта Йӕ Ног Фидыды кусджыты арӕхстдзинад. Уыцы ног фидыдмӕ гӕсгӕ Хуыцау ныр фыст ӕгъдау нал дӕтты, фӕлӕ хай кӕны Йӕ Удӕй. Уымӕн ӕмӕ фыст ӕгъдау маргӕ кӕны, Уд та цард дӕтты.
Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.
Уыдонӕн сӕ зонд аныгъуылд талынджы, ӕнӕфенд ӕмӕ дурзӕрдӕ кӕй сты, уый аххосӕй ӕнӕхай фесты, Хуыцау цы цард дӕтты, уымӕй.