13 нӕ фӕзмӕм Моисейы — уый ӕмбӕрзта йӕ цӕсгом, рӕстӕгмӕ цы у, уымӕн йӕ кӕрон Израилы адӕм куыд нӕ уыной, афтӕ.
Уӕд та йын дыккаг хатт йӕ цӕстытыл авӕрдта Йӕ къухтӕ, куырм та ногӕй акаст ӕмӕ уыйадыл адзӕбӕх ис, хорз уынын райдыдта.
Чырысти та кӕрон скодта Ӕгъдауӕн, цӕмӕй алы уырнӕг дӕр Хуыцауы раз сраст уа.
Йӕ бындур къӕйдуртыл фыст дамгъӕтӕ кӕмӕн уыдысты, кӕд уыцы мӕлӕтхӕссӕг куыст афтӕ намысджын уыд, ӕмӕ рӕстӕгмӕ тӕмӕнтӕ чи калдта, Моисейы уыцы цӕсгоммӕ кӕсын Израилы адӕм нӕ фӕрӕзтой,
Уыдӕттӕ, фидӕны цы хъуамӕ ӕрцӕуа, уымӕн йӕ фӕлгонц йеддӕмӕ ницы сты, ӕцӕгдзинад та Чырысти у.