Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 3:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Кӕддӕр кадджын цы уыди, уый ныр кадджын нал у, уымӕн ӕмӕ фӕци ноджы кадджындӕры аууон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 3:10
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕй дӕр ма, кӕс, Йӕ разы мынӕг куы у, стъалытӕ дӕр ӕнӕкъӕм куы не сты Йӕ разы!


Мӕй ныссырх уыдзӕн ӕмӕ хур къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг паддзахиуӕг кӕндзӕни Сионы хохыл, Йерусалимы, ӕмӕ Йӕ кад адӕмы хистӕртӕн раргом кӕндзӕн.


„Ацы Кувӕндон уӕ йӕ раздӕры кады исчи ӕрӕййӕфта? Ныр та йӕ цы уавӕры уынут? Бынтон ницы нӕу уӕ цӕсты?


Ӕмбисбон фӕндагыл, паддзах, ӕз федтон, хуры рухсӕй ирддӕр чи уыди, мӕныл ӕмӕ ме ’мбӕлццӕттыл чи ӕртыхст, ахӕм рухс уӕларвӕй.


Кӕрон кӕмӕн хъуамӕ ӕрцыдаид, кӕд уый намысджын уыд, уӕд, кӕрон кӕмӕн не ’рцӕудзӕн, уый та цас ӕмӕ цас намысджындӕр у!


Ӕгъдауӕн лӕггадӕй тӕрхойнаг фӕуӕн уыдис, ӕмӕ кӕд уый скадджын ис, уӕд цас кадджындӕр хъуамӕ уа, адӕймаджы цы куыст раст кӕны, уый!


Тӕккӕ уӕлдӕр Кадджынӕй Йӕм куы ӕрыхъуыст: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у», уӕд райста Фыд Хуыцауӕй кад ӕмӕ намыс.


Уым ӕхсӕв нӕ уыдзӕн, нӕ дзы хъӕудзӕн нӕдӕр рухсгӕнӕн, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Бардарӕг Хуыцау; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ