Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 3:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Афтӕ нӕ уайы, цыма та уын мах дӕр ногӕй, мӕнӕ куыд хорз стӕм, зӕгъгӕ, нӕхи бацамоныныл архайӕм? Кӕйдӕрты сӕхицӕй ӕппӕлыны сӕр куыд хъӕуы, афтӕ махмӕ дӕр хъуамӕ ахӕм фыстӕджытӕ уа сымахӕн равдисынӕн, кӕнӕ уын сӕ уӕхицӕй хъуамӕ райсӕм?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 3:1
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ахаймӕ цӕуыны фӕнд ӕм куы фӕзынд, уӕд ын ӕфсымӕртӕ баххуыс кодтой, стӕй ныффыстой ахуыргӕнинӕгтӕм, цӕмӕй йыл баузӕлой. Уырдӕм куы ӕрцыд, уӕд тынг ахъаз фӕци, Хуыцауы хорзӕхы руаджы чи баууӕндыд, уыдонӕн.


Базонгӕ ут нӕ хо Фивӕимӕ, Кенхрейы аргъуаны уазлӕггадгӕнӕгимӕ.


Ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕй зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын, афтӕ. Мӕхи пайдайыл нӕ архайын, фӕлӕ бирӕты пайдайыл, цӕмӕй фервӕзой.


Куы ӕрцӕуон, уӕд, аккагыл кӕй банымайат, уыдоны фыстӕджытимӕ арвитдзынӕн Йерусалиммӕ, цӕмӕй уын уӕ лӕвар фӕхӕццӕ кӕной.


Хуыцау мын цы хорзӕх ракодта, уый фӕрцы зондджын аразӕгау ӕз сӕвӕрдтон бындур, иннӕ та уыцы бындурыл амайы. Фӕлӕ алчидӕр хъуамӕ лӕмбынӕг кӕса, куыд аразы, уымӕ.


Кӕд уын бирӕ чырыстон хъомылгӕнджытӕ ис, уӕддӕр уын фыдӕлтӕ бирӕ нӕй — Фарны Уац уӕм кӕй ӕрхастон, уый фӕрцы Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕз сдӕн уӕ ныййарӕг.


Уымӕн ӕмӕ, йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уыдонимӕ нӕхи ӕрӕмных кӕнынмӕ кӕнӕ уыдоныл нӕхи абарынмӕ нӕ ныфс нӕ хӕссӕм. Уыдон сӕхицӕн аргъ кӕнынц сӕхи барӕнтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕхи барынц сӕхиуыл — уый ӕнӕзонд ми у.


Аккагыл нымад у, йӕхи чи уӕлӕмӕ кӕны, уый нӕ, фӕлӕ Бардарӕг кӕй уӕлӕмӕ кӕны, уый.


Уӕ аргъуан фехалынӕн нӕ, фӕлӕ йӕ саразынӕн Бардарӕг махӕн цы бартӕ радта, уыдонӕй ӕгӕр куы раппӕлон, уӕд дӕр нӕ фӕхудинаг уыдзынӕн.


Ӕз сдӕн ӕнӕзондау — уымӕ мӕ уӕхӕдӕг ӕртардтат. Уӕвгӕ та мӕ сымах хъуамӕ ӕппӕликкат. Кӕд ӕз ницы дӕн, уӕддӕр «уӕлдӕр апостолтӕй» ницӕмӕй цауддӕр дӕн.


Цыма алцӕмӕй дӕр уӕ разы нӕхи раст кӕнӕм, афтӕ уӕм кӕсы? Мах цы дзурӕм, уый, Чырыстиимӕ иугондӕй, Хуыцауы раз дзурӕм. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ мах кӕнӕм уе сфидар кӕныны тыххӕй.


Бирӕтӕ цӕстфӕлдахджытау зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм — Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй.


Ногӕй та уын нӕхи нӕ амонӕм, фӕлӕ уын дӕттӕм, махӕй буц куыд уат, ахӕм фадат. Уӕд уӕ бон ныхкъуырд раттын уыдзӕни, зӕрдӕйы нӕ, фӕлӕ, ӕдде цы ис, уымӕй хъал чи у, уыдонӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ